Мах нæ фæтæрсын кæндзынæ æхсытæй: Донецкы ЦÆК хистæр радзырдта референдумы тыххæй

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæРеферендум
Референдум - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 сен – Sputnik, Козаты Диана. Донецкы Адæмон Республикæ Уæрæсейы скондмæ бахизыны фæдыл референдумы схъæлæс кодтой æвзарджыты 86 процентæй фылдæр, фехъусын кодта дыццæджы Sputnik Донецкы Адæмон Республикæйы (ДАР) Централон æвзарæн къамисы (ЦÆК) сæргълæууæг Владимир Высоцкий.
Уæрæсейы скондмæ бахизыны фæдыл референдум райдыдта 23 сентябры ДАР, ЛАР, Херсоны æмæ Запорожаг областты. Хъæлæскæнынад адарддæр уыдзæн фондз боны, дыццæджы, 27 сентябры, скæндзысты йæ хатдзæгтæ.
"Хатдзæгтæ скæндзыстæм изæры, фæлæ ныр дæр мæ бон у зæгъын, ивгъуыд бонты дæргъы референдумы кæй схъæлæс кодтой æвзарджыты 86 процентæй фылдæр", - загъта Высоцкий.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, адæм цингæнгæйæ цæуынц хъæлæс кæнынмæ, мобилон къордты æрбацыдмæ та кæцыдæр бынæтты адæм лæууыдысты рады.
Уый ма фехъусын кодта, фæсарæйнаг цæстдарджытæй хъæстытæ кæй не ‘рбацыд, уыдон æвæрццаг аргъ скодтой референдумæн.
Референдумы райдайæнæй Украинæйы Гарзджын тыхтæ сæдæйæ фылдæр хатт фехстой Донецк, фæлæ республикон ЦÆК разамонæг куыд банысан кодта, афтæмæй ацы архæйдтытæ нæ бандæвтой хъæлæскæнынадыл.
"Æхстытæ вæййынц алы бон дæр. Фæлæ мах нæ фæтæрсынц кæндзынæ ахæм провокацитæй", - бахахх кодта Высоцкий.
Ног хабӕртты лентӕ
0