Цæгат Иры Гуырдзыстонимæ арæныл бакæндзысты мобилизацийы пункт

© Sputnik / Ольга Смольская /  Ахизын медиабанкмæЦæгат Иры Гуырдзыстонимæ арæныл бакæндзысты мобилизацийы пункт
Цæгат Иры Гуырдзыстонимæ арæныл бакæндзысты мобилизацийы пункт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputnik. Æфсæддон комиссариаты мобилизацион пункт æввахс рæстæджы бакæндзысты контролон-уадзæн пункт "Уæллаг Ларсы" Цæгат Ирыстоны Гуырдзыстонимæ арæныл.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, уадзæн пункты ауагътой рабадт Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министримæ, Паддзахадон автоинспекцийы хистæримæ, УФ Федералон æдасдзинады службæйы регионы фæдыл арæнгæрон дæлхайады æмæ Цæгат Ирыстоны таможнæйы разамонджытимæ.
"Контролон-уадзæн пункты æввахс рæстæджы скусдзæн æфсæддон комиссариаты мобилизацион пункт", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы Telegram-ы.
Знон регионы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ хъусын кодта, 3,5 мин рог хæдтулгæйы кæй æнхъæлмæ кæсынц ацæуынмæ уадзæн пункт "Уæллаг Ларсы".
Ног хабӕртты лентӕ
0