Уӕрӕсейаг ӕфсад иу суткӕмӕ скуынӕг кодта HIMARS 17 гарзӕджы Херсон ӕмӕ Харьковы бынмӕ

© AP Photo / Peter Haley HIMARS. Архивон къам
 HIMARS. Архивон къам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputnik. Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады фехъусын кодтой, иу суткӕмӕ залпон ӕхсты системӕ HIMARS-ы 17 гарзӕджы горӕт Херсон ӕмӕ Харьковы областы районы.
"Уӕлдӕфы куынӕг ӕрцыдысты: тактикон ракетӕ "Точка-У" Харьковы областы цӕрӕн пункт Купянскы районы, афтӕ ма залпон ӕхсты системӕ HIMARS-ы 17 гарзӕджы горӕт Херсон ӕмӕ Харьковы областы районы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уымӕй дарддӕр ма уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ иу суткӕмӕ ӕрӕппӕрстой авд ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты ДАР, Херсойнаг ӕмӕ Харьковаг областты. Авиаци ӕрӕппӕрста Украинӕйы уӕлдӕфон тыхты дыууӕ МиГ-29.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 304 хӕдтӕхӕджы, 155 вертолеты, 2094 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 377 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 5118 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 847 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3423 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 5909 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0