https://sputnik-ossetia.com/20220928/14-xv-zikr-18966378.html
14. XV. ЗИКР
14. XV. ЗИКР
Sputnik Хуссар Ирыстон
Чи уыдысты зикргæнджытæ, кæнæ цы уыд зикр? Зикр рагæй уыд Кавказы, фæлæ йын мюридизмы цæст æрттивгæйæ дины иумæйаг сектæ суа, уый нæ бантыст. Уый фæстæ... 28.09.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-09-28T17:06+0300
2022-09-28T17:06+0300
2022-09-28T17:06+0300
теркæй туркмæ
хуссар ирыстоны
радио иронау
истори
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/13/18966183_28:0:1472:812_1920x0_80_0_0_15b037417ea792a1c2856b2f5ca46254.png
14. XV. ЗИКР
Sputnik Хуссар Ирыстон
14. XV. ЗИКР
Чи уыдысты зикргæнджытæ, кæнæ цы уыд зикр? Зикр рагæй уыд Кавказы, фæлæ йын мюридизмы цæст æрттивгæйæ дины иумæйаг сектæ суа, уый нæ бантыст. Уый фæстæ мюридизм ныффæйлыдтой тыхæйисджытæ, æмæ Кавказы фæзындысты зикризмы фыццаг ахуыргæнджытæ: Исмаил — Эффенди — Ширванский, Хадзы — Кюринский, Кунта-Хадзы, æмæ æрæджиау "зикр" йæ базыртæ айтыгъта."Зикр" кæй сзыгъуыммæ кодтой, уыцы араббаг дзырд "зикирь" у æмæ нысан кæны "стауын", Хуыцауæй æппæлын. Хуымæтæджы ламазæй не ’фсæстысты стыр Аллахы иузæрдыг цагъарты коммæгæс удтæ æмæ-иу фæсламаз суанг фæуадзыджы онг фæлхат кодтой хъуыраны уыцы иу ныхæстæ: "Ля илляге иль алла Мухаммед риуль Аллах! — нæй Хуыцау Хуыцауы йеддæмæ, Мæхæмæт — Хуыцауы пехуымпар!"Уыцы иугъæдон хъæлæсæй-иу зарыдысты пысылмонтæ, цалынмæ-иу сæ хъару бынтон нæ асаст æмæ-иу сæ равзаргæтæм не ’рцыд "джазмæ" æмæ-иу хуыцауы фæдзæхстæй нæ фæуадзыг сты, уæдмæ. Зикиргæнæг уыцы ныхæстæ стаугæйæ куы фæуадзыг уыдаид, уæд æй æппæтфæразон Аллах хуымæтæджы зæххон лæджы хъауджыдæр йæ хæтæнтæм кæй бауагътаид, ууыл гуырысхо нæ кодта.Уадзыгæй иунæг Хуыцауимæ сиу уыдаид, æмæ йæ, хæтæнты уæвгæйæ, зæххон лæджы цæст кæмæ не ’ххæссы, уыцы сусæгдзинæдты æвдисæн суыдаид. Уый уырныдта рæстуырнæг пысылмонты æмæ-иу нал уыд кæрон "ля илляге иль алла"-йæн.Фæстагмæ афтæ скадджын ис хъуыраны сурæйы уыцы иу рæнхъ æмæ пысылмонты тырыса ссис.Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/13/18966183_208:0:1291:812_1920x0_80_0_0_d99c776ff2323e2a62fd7b413ea77cc5.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
Чи уыдысты зикргæнджытæ, кæнæ цы уыд зикр? Зикр рагæй уыд Кавказы, фæлæ йын мюридизмы цæст æрттивгæйæ дины иумæйаг сектæ суа, уый нæ бантыст. Уый фæстæ мюридизм ныффæйлыдтой тыхæйисджытæ, æмæ Кавказы фæзындысты зикризмы фыццаг ахуыргæнджытæ: Исмаил — Эффенди — Ширванский, Хадзы — Кюринский, Кунта-Хадзы, æмæ æрæджиау "зикр" йæ базыртæ айтыгъта.
"Зикр" кæй сзыгъуыммæ кодтой, уыцы араббаг дзырд "зикирь" у æмæ нысан кæны "стауын", Хуыцауæй æппæлын. Хуымæтæджы ламазæй не ’фсæстысты стыр Аллахы иузæрдыг цагъарты коммæгæс удтæ æмæ-иу фæсламаз суанг фæуадзыджы онг фæлхат кодтой хъуыраны уыцы иу ныхæстæ: "Ля илляге иль алла Мухаммед риуль Аллах! — нæй Хуыцау Хуыцауы йеддæмæ, Мæхæмæт — Хуыцауы пехуымпар!"
Уыцы иугъæдон хъæлæсæй-иу зарыдысты пысылмонтæ, цалынмæ-иу сæ хъару бынтон нæ асаст æмæ-иу сæ равзаргæтæм не ’рцыд "джазмæ" æмæ-иу хуыцауы фæдзæхстæй нæ фæуадзыг сты, уæдмæ. Зикиргæнæг уыцы ныхæстæ стаугæйæ куы фæуадзыг уыдаид, уæд æй æппæтфæразон Аллах хуымæтæджы зæххон лæджы хъауджыдæр йæ хæтæнтæм кæй бауагътаид, ууыл гуырысхо нæ кодта.
Уадзыгæй иунæг Хуыцауимæ сиу уыдаид, æмæ йæ, хæтæнты уæвгæйæ, зæххон лæджы цæст кæмæ не ’ххæссы, уыцы сусæгдзинæдты æвдисæн суыдаид. Уый уырныдта рæстуырнæг пысылмонты æмæ-иу нал уыд кæрон "ля илляге иль алла"-йæн.
Фæстагмæ афтæ скадджын ис хъуыраны сурæйы уыцы иу рæнхъ æмæ пысылмонты тырыса ссис.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.