Думӕйы спикер референдумты тыххӕй: Домбассы адӕмы равзӕрст сӕ фервӕзын кӕндзӕн геноцидӕй

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæРеферендум
Референдум - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Паддзахадон думӕйы спикер Вячеслав Володин, референдумы фӕстиуджытӕн комментарритӕ аразгӕйӕ, фехъусын кодта, Донбассы территориты цӕрӕг адӕмы райсгӕ скъуыддзаг УФ скондмӕ бахизыны фӕдыл кӕй аирвӕзын кӕндзӕн милуангай адӕмты геноцидӕй.
"Райсгӕ скъуыддзаг ирвӕзын кӕны милуангай адӕмы геноцидӕй. Дӕтты фадат махӕн иумӕ аразын фидӕны плӕнттӕ", - ныффыста политик йӕ Telegram-каналы.
Референдумтӕ Уӕрӕсейы скондмӕ бахизыны фӕдыл 23-27 сентябры ацыдысты Донецкаг ӕмӕ Луганскаг адӕмон республикӕты, афтӕ ма Херсойнаг ӕмӕ Запорожаг областты. Бюллетеньты 100% бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, УФ скондмӕ бахизыны тыххӕй схъӕлӕс кодтой ДАР-ы 99,23%, ЛАР - 98,42%, Херсойнаг областы - 87,05%, Запорожаг областы та 93,11%.
Ног хабӕртты лентӕ
0