https://sputnik-ossetia.com/20220928/khussar-iry-fsddont-skhi-akkagy-ravdystoy-armi-2022-konkursy-19114535.html
Хуссар Иры æфсæддонтæ сæхи аккагæй равдыстой АрМИ-2022 конкурсы
Хуссар Иры æфсæддонтæ сæхи аккагæй равдыстой АрМИ-2022 конкурсы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады командæ, кæцы арæзт æрцыд Рязаны уæлдæр уæлдæфон-десантон командон ахуыргæнæндоны... 28.09.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-09-28T15:19+0300
2022-09-28T15:19+0300
2022-09-28T15:19+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры гарзджын тыхтӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/1c/19113441_0:98:1920:1178_1920x0_80_0_0_ff1ad9785d107a5d8d9818a57a4f0672.jpg
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады командæ, кæцы арæзт æрцыд Рязаны уæлдæр уæлдæфон-десантон командон ахуыргæнæндоны курсанттæй, бацахста призон бынат конкурс "Морской десант"-ы æхсæнадæмон æфсæддон хъæзтытæ АрМИ-2022-йы фæлгæтты.Хуссарирыстойнаг хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй ерыстæ цыдысты горæт Калининграды. Командæйы сконды Хуссар Ирыстонæй уыдысты фондз адæймаджы.Командæйы капитан Икъоты Давиды ныхæстæм гæсгæ, конкурс "Морской десант"-имæ базонгæ сты фарон."Ацы аз мах зыдтам, цы нæм æнхъæлмæ кæсы. Райсгæ фæлтæрддзинадæй спайда гæнгæйæ мах активонæй уагътам цыттæкæнынад æмæ бацахстам æртыккаг бынат чысыл командæты хсæн", - хъусын кæны Икъоты Давиды ныхæстæ Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.Командæйы капитан бахахх кодта, командон бахыгъдæй дарддæр ма дзы кæй уыд индивидуалон ралæуд эстафетæйы хуызы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
    https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/1c/19113441_110:0:1811:1276_1920x0_80_0_0_27134ba49639658e5636764d2b09f03a.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры гарзджын тыхтӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры гарзджын тыхтӕ
Хуссар Иры æфсæддонтæ сæхи аккагæй равдыстой АрМИ-2022 конкурсы
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады командæ, кæцы арæзт æрцыд Рязаны уæлдæр уæлдæфон-десантон командон ахуыргæнæндоны курсанттæй, бацахста призон бынат конкурс "Морской десант"-ы æхсæнадæмон æфсæддон хъæзтытæ АрМИ-2022-йы фæлгæтты.
Хуссарирыстойнаг хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй ерыстæ цыдысты горæт Калининграды. Командæйы сконды Хуссар Ирыстонæй уыдысты фондз адæймаджы.
"Курсанттæ-десантниктæ хайад исынц æхсæнадæмон æфсæддон хъæзтыты Хуссар Ирыстоны тырысайы бын ныр дыккаг аз. Уыдонæй Икъоты Давид, Хъуылымбегты Марат æмæ Джиголаты Марат – дыккагкурсонтæ, кæстæр сержант Джиоты Азæмæт æмæ Пухаты Михаил та ахуыр кæнынц цыппæрæм курсыл", - загътой уагдоны.
Командæйы капитан Икъоты Давиды ныхæстæм гæсгæ, конкурс "Морской десант"-имæ базонгæ сты фарон.
"Ацы аз мах зыдтам, цы нæм æнхъæлмæ кæсы. Райсгæ фæлтæрддзинадæй спайда гæнгæйæ мах активонæй уагътам цыттæкæнынад æмæ бацахстам æртыккаг бынат чысыл командæты хсæн", - хъусын кæны Икъоты Давиды ныхæстæ Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
Командæйы капитан бахахх кодта, командон бахыгъдæй дарддæр ма дзы кæй уыд индивидуалон ралæуд эстафетæйы хуызы.
"Индивидуалон ерысты уыд цæлхдурты уæззау этап, цы ран мах бацахстам фыццаг бынат фæсарæйнаг бæстæты командæты хсæн", - загъта Икъоты Давид.