https://sputnik-ossetia.com/20220928/khussar-iry-khitsauad-sarzta-kadron-ivyndzindt-19102234.html
Хуссар Иры хицауад сарæзта кадрон ивындзинæдтæ
Хуссар Иры хицауад сарæзта кадрон ивындзинæдтæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны кæцыдæр уагдæтты сарæзтой кадрон ивындзинæдтæ. Уыдон хауынц Ахуырады министрадмæ, Культурæйы... 28.09.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-09-28T11:03+0300
2022-09-28T11:03+0300
2022-09-28T12:09+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хицауад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/531/23/5312372_0:317:6017:3701_1920x0_80_0_0_c5826b6b29d5d4a757b311edaee8684e.jpg
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны кæцыдæр уагдæтты сарæзтой кадрон ивындзинæдтæ. Уыдон хауынц Ахуырады министрадмæ, Культурæйы министрадмæ, афтæ ма столицæйы мэрия æмæ Цхинвалы районы администрацимæ.Министрты кабинет хорзыл банымадта Къацты Филиппы культурæйы министры хæдивæджы бынатæй ссæрибар кæнын фæдыл. Уагдоны сæргълæууæг Зæгъойты Радайы ныхæстæм гæсгæ, скъуыддзаг рахастой, уымæн æмæ Къацты Филипп бахæццæ граждайнаг службæйы кæройнаг кармæ.Абон ма культурæйы министры хæдивæгæй снысан кодтой Мамиты Григорийы. Уый дæр бирæ рæстæг кусы культурæйы фадыджы, афтæ ма хуссарирыстойнаг драмон театры дæр.Ног хæдивæг снысан кодтой Цхинвалы мэрæн дæр – Джуссойты Василийы.Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæгæй снысан кодтой Цхуырбаты Александры. Районы разамонæджы ноджы иу хæдивæг ссис Кокойты Маирбег.Уымæй дарддæр ахуырады министры хæдивæджы бынатæй ссæрибар кодтой йæхи фæндонмæ гæсгæ Гаглойты Элисайы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/531/23/5312372_330:0:5685:4016_1920x0_80_0_0_fc8f16bc20cfe81da216153fbcd0115b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хицауад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хицауад
Хуссар Иры хицауад сарæзта кадрон ивындзинæдтæ
11:03 28.09.2022 (Ранӕуӕггонд: 12:09 28.09.2022) ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны кæцыдæр уагдæтты сарæзтой кадрон ивындзинæдтæ. Уыдон хауынц Ахуырады министрадмæ, Культурæйы министрадмæ, афтæ ма столицæйы мэрия æмæ Цхинвалы районы администрацимæ.
Министрты кабинет хорзыл банымадта Къацты Филиппы культурæйы министры хæдивæджы бынатæй ссæрибар кæнын фæдыл. Уагдоны сæргълæууæг Зæгъойты Радайы ныхæстæм гæсгæ, скъуыддзаг рахастой, уымæн æмæ Къацты Филипп бахæццæ граждайнаг службæйы кæройнаг кармæ.
"Уый рахызт куыстмæ театрмæ. Къацты Филипп у хъæздыг фæлтæрдимæ æмæ стыр сгуыхтдзинæдтимæ адæймаг. Уый у аивады адæймаг, æмæ кусдзæн йæхиуæтты хсæн", - загъта Зæгъойты Рада.
Абон ма культурæйы министры хæдивæгæй снысан кодтой Мамиты Григорийы. Уый дæр бирæ рæстæг кусы культурæйы фадыджы, афтæ ма хуссарирыстойнаг драмон театры дæр.
Ног хæдивæг снысан кодтой Цхинвалы мэрæн дæр – Джуссойты Василийы.
Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæгæй снысан кодтой Цхуырбаты Александры. Районы разамонæджы ноджы иу хæдивæг ссис Кокойты Маирбег.


Уымæй дарддæр ахуырады министры хæдивæджы бынатæй ссæрибар кодтой йæхи фæндонмæ гæсгæ Гаглойты Элисайы.