Уӕрӕсейы ХМ фехъусын кодта Красный Лиманмӕ УГТ ӕрбабырсты фӕкъуыхцыйы тыххӕй

© Sputnik / Виктор Антонюк Красный Лиман
 Красный Лиман - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Украинӕйаг ӕфсады къордты ӕрбабырсыны бахъавд Красный Лиманмӕ фӕкъуыхцы. Уый фӕстиуӕгӕн Украинӕйы гарзджын тыхтӕ фесӕфтой 70 адӕймаджы мӕрдтӕй, цыппар танкы, фистӕгӕфсады ӕхсӕз хӕстон машинӕ ӕмӕ ӕртӕ бронеавтомобилы. Уый тыххӕй хъусын кӕны УФ хъахъхъӕнынады министрад.
Уымӕй дарддӕр ма Уӕрӕсейы уӕлдӕфон-космикон тыхты дырыс ракетӕтӕй фехстӕуыд горӕт Харьковы районы бронетанкон заводы уадзӕн цехтӕ, кӕцыты уыд 90 фылдӕр танкы ӕмӕ УГТ ӕндӕр фидаргонд машинӕтӕ.
Афтӕ ма УКТ ракетӕты фехсты фӕстиуӕгӕн куынӕг ӕрцыдысты 100 фылдӕр ӕфсӕддоны ӕмӕ хӕстон техникӕйы 20 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралӕй фӕстӕмӕ уадзы сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы денацификаци ӕмӕ демилитаризацийы фӕдыл. Владимир Путин ын йӕ нысан схуыдта "аст азы дӕргъы ӕфхӕрд цы адӕм цыдысты Украинайы рдыгӕй, уыдон бахъахъхъӕнын".
Ног хабӕртты лентӕ
0