Æддагбæстон тыхгæнджытимæ тохы таурæгътæ. Дудиаты хъан

Æддагбæстон тыхгæнджытимæ тохы таурæгътæ
Рафыссын
Иу хатт Дудиатæ райстой сæхимæ хъанæй Тасолтанаты кæсгон кънйазы фырты. Уый та цардис Сындзыхъæу æмæ Тугъанты хъæуы ’хсæн рæбыны. Лæппуйы хуыдтой Дзанхотт. Дудиатæ йæ схъомыл кодтой, хуыздæрæй сæм цы уыд, хæринагæй, дарæсæй, уый йын лæвæрдтой æмæ йын кад кодтой, куыд сæ фидæны æлдарæн. Дзанхотт слæг и, дзырдта иронау, фæлæ йæ дин пысылмон динæй баззад. Дудиатæ цардысты Бызыхъæуы, Садонмæ фæндагыл Салыгæрдæнæй Мызуры ’хсæн.
Иу аз æххормаг аз кодта. Дудиатæм нал уыд хæринаг. Æмæ уæд Дзанхотт Дудиатæн загъта, баххуыс уын кæнон, зæгъгæ. Дудиатæ дæр ыл æууæндыдысты, сæ хъан уыд æмæ. Дзанхотт сын загъта: — Æз уæ мæ фыдмæ фæхæццæ кæндзынæн, уый хъæздыг у, бирæ йæм ис хор æмæ фос дæр! Мах уæ иууылдæр схæсдзыстæм.
Дудиатæ — мад, фыд æмæ хъомыл чызг, уымæй уæлдай мад уыд сывæрджын æмæ цыппæрæм удмæ кастысты. Сразы сты æмæ араст сты, æмæ сæ Дзанхотт йæ фыдмæ ныккодта. Зымæджы дæргъы, æцæгдæр, Дзанхотты фыд базылд Дудиатæм, уыдон дæр ын куыстой йæ хæдзары.
Фæлæ уалдзæг куы ’рбалæууыд, уæд Дзанхотт йæ фыдимæ сфæнд кодтой æмæ йæ æххæст дæр скодтой: ауæй кодтой Дудиаты иу æлдарæн.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0