Фæндагон службæтæ бавнæлдтой Транскамы хуссарирыстойнаг фарсы цалцæгмæ

© Пресс-служба комитета по строительству и эксплуатации автомобильных дорог Южной Осетии.Фæндагон службæтæ бавнæлдтой Транскамы хуссарирыстойнаг фарсы цалцæгмæ
Фæндагон службæтæ бавнæлдтой Транскамы хуссарирыстойнаг фарсы цалцæгмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Транскавказаг автомагистралыл фæндагон службæтæ бавнæлдтой фæндаджы цалцæгмæ, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитеты пресс-службæ.
Нысангонд æрцыд, фæндагон службæ "Дорэкспострой"-ы кусджытæ асфальт кæй сæвæрдтой фæндаджы иуыл хæлддæр фадгуытæ.
"Транскамы хуссарирыстойнаг хайыл иу суткæмæ цæуынц сæдæгай хæдтулгæтæ. Автомобилон фæндаджы ацы фадыг нæ цалцæг кодтой цалдæр азы дæргъы. Асфальт æвæрынц цæрæн пункт Бæгъиатæй арæнхъахъхъæнджыты посты онг Ручъы хъæцы", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Æввахс бонты фæндагон службæтæ райдайдзысты æвæрын фæндагон нысæнттæ.
Транскам у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Йӕ дӕргъ у 164 километры.
Ног хабӕртты лентӕ
0