ХИПУ эвакуаци кæнынц рæмудзæн æрмæджы фæдыл хъусинаджы фæстæ

© Фатима ПлиеваХИПУ эвакуаци кæнынц рæмудзæн æрмæджы фæдыл хъусинаджы фæстæ
ХИПУ эвакуаци кæнынц рæмудзæн æрмæджы фæдыл хъусинаджы фæстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ æмæ педколлектив эвакуаци кæнынц рæмудзæн æрмæджы фæдыл хъусинаджы фæстæ. Республикæйы УУМ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй хъусинаг æрбацыд Паддзахадон æдасдзинады комитетæй.

"Цыппæрæмы 10.41 сахатыл нæм æрбацыд хъусинаг, зæгъгæ, университеты гæнæн ис æмæ разына рæмудзæн æрмæг. Уый фæдыл паддзахадон æдасдзинады комитетæн фехъусын кодта æбæрæг гоймаг телефонæй. Бынатмæ атындзыдтой ирвæзынгæнæг къорд ахуыр куыйтимæ. УУМ сæргълæууæджы хæдивæг Бестауты Ацæмæз дæр ис уым", - загъта уагдоны радгæсон.

Уый ма бафтыдта, эвакуацийы фæстæ кæй бавналдзысты уагдоны хатæнтæ сгарынмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0