Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы къамис арæны демаркацийы фæдыл снысан кодта куысты нывæзт 2023 азмæ

© Пресс-служба президента РЮО Anton TaybareyХуссар Ир æмæ Уæрæсейы тырысатæ
Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы тырысатæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Дзæуджыхъæуы ацыд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл æвдæм рабадт. Рабадты рæстæджы къамис снысан кодта куысты нывæзт 2023 азмæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) пресс-службæ.
"Къамис æрдзырдта Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы хсæн паддзахадон арæны æхсæнадæмон-барадон статус æрнывыл кæныныл, æркаст æмæ райста куысты нывæзт 2023 азмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй радон рабадт ауадзыны бынат æмæ рæстæг сфидар кæндзысты дипломатон каналты руаджы.
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл къамис арæзт æрцыд 2012 азы. Йæ фыццаг рабадт ацыд 2018 азы сентябры Мæскуыйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0