Кремлы фехъусын кодтой УФ скондмæ ног территоритæ бахизыны бадзырдтæ бафысыны датæ

© Sputnik / Максим Захаров /  Ахизын медиабанкмæКремлы фехъусын кодтой УФ скондмæ ног территоритæ бахизыны бадзырдтæ бафысыны датæ
Кремлы фехъусын кодтой УФ скондмæ ног территоритæ бахизыны бадзырдтæ бафысыны датæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik. Уæрæсейы скондмæ ног территоритæ бахизыны фæдыл бадзырдтæ бафыссыны церемони ацæудзæн майрæмбоны Кремлы, паддзахады сæргълæууæг Владимир Путин дзы райсдзæн хайад, фехъусын кодта йæ пресс-секретарь Дмитрий Песков.
"Сом стыр Кремлы Галуаны, Георгиаг залы, 15.00 сахатыл ацæудзæн Уæрæсейы скондмæ ног территоритæ бахизыны фæдыл бадзырдтæ бафыссыны церемони. Ацы мадзалы ралуæдзæн президент Владимир Путин", - загъта Песков.
Уый ма банысан кодта, ацы мадзал кæй нæу президенты ныстуан Федералон Æмбырдмæ.
"Президенты ныстуан ацæудзæн фæстæдæр, мах уын уый фæдыл рæстæгыл фехъусын кæндзыстæм", - бафтыдта Песков.
ДАР, ЛАР, Херсоны æмæ Запорожаг областты 23-æй 27-æм сентябрьмæ ацыдысты референдумтæ, æмбæстæгтæ схъæлæс кодтой субъектты Уæрæсейы скондмæ бахизыныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0