Цхинвалы фӕндзӕм хатт радтой Джусойты Нафийы премитӕ

© Пресс-служба ЮОГУЦхинвалы фӕндзӕм хатт радтой Джусойты Нафийы премитӕ
Цхинвалы фӕндзӕм хатт радтой Джусойты Нафийы премитӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы схорзӕхджын кодтой Джусойты Нафийы номыл премийы лауреатты. Фӕндзӕм юбилейон равдысты рахицӕн кодтой фондз литераторы.
Преми лӕвӕрд цӕуы 2015 азӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны хицауады раздӕры сӕрдар, бизнесмен Хуыгаты Ростикы хӕрдзтӕй. Мадзал ӕрвылаз уадзы хӕрзаудæн фонд "Амонд".
© Пресс-служба ЮОГУЦхинвалы фӕндзӕм хатт радтой Джусойты Нафийы премитӕ
В Цхинвале наградили лауреатов премии Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2022
Цхинвалы фӕндзӕм хатт радтой Джусойты Нафийы премитӕ
Джуссойты Нафийы номыл фыццаг премийы лауреат ссис Остъаты Алан йӕ уацау "Сау тымыгъ"-ы тыххӕй. Дыккаг бынат адих кодтой Бекъойты Майя ӕмӕ ӕмӕ Тъехты Валентин. Æртыккаг бынат дæр дих æрцыд дыууæ ӕвзонг курдиатджын поэттӕ - Бестауты Аланӕ ӕмӕ Габолаты Зауырбеджы хсӕн.
"Ацы аз премийы фӕрӕзтӕ фӕфылдӕр кодтой. Фыццаг къӕпхӕнӕн лӕвӕрд цӕуы 200 мин сомы, дыккаг къӕпхӕнӕн 150 ӕмӕ ӕртыккаг та 100 мин сомы. Жюрийы уӕнгтӕ сбӕрӕг кӕнынц аккагдӕрты сусӕг хъӕлӕсӕппӕрстӕй. Йе сконды та сты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕ", - загъта Sputnik хӕрзаудӕн фонды разамонӕг Челехсаты Хъазбег.
Уый ма бафиппайдта, преми кӕй у ӕппӕтнацион, архайынц дзы куыд Хуссар Ирыстон, афтӕ Цӕгат Ирыстон дӕр.
© Пресс-служба ЮОГУЦхинвалы фӕндзӕм хатт радтой Джусойты Нафийы премитӕ
В Цхинвале наградили лауреатов премии Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2022
Цхинвалы фӕндзӕм хатт радтой Джусойты Нафийы премитӕ
Плиты Грисы премийы лауреаттӕ та ацы аз систы ХИПУ-йы студенттӕ Ӕлборты Луиза ӕмӕ Тедеты Игорь.
Ног хабӕртты лентӕ
0