Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ скуынæг кодтой ноджы фараст украинæйаг æфстауцы хæстæрмæджытимæ

© Sputnik / Валентин Капустин /  Ахизын медиабанкмæАэродром
Аэродром - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 сен – Sputnik. Иу суткæмæ куыннæг æрцыдысты фараст украинæйаг æфстауцы хæстæрмæджытимæ ДАР, Днепропетровкаг, Запорожаг æмæ Николаеваг областты. Уый тыххæй цыппæрæмы фехъусын кодтой УФ хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы.
"Куынæг æрцыдысты фараст украинæйаг æфстауцы хæстæрмæджытæ æмæ ракетæйон-артиллекрион гарзæгтимæ ДАР цæрæн пункттæ Краматорск æмæ Малиновкайы районы, Днепропетровскаг областы цæрæн пункт Коломийцевойы, Запорожаг областы Лежинойы æмæ Николаеваг областы та Котлярево, Березнеговатое æмæ Шевченковайы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Афтæ ма УФ Гарзджын тыхтæ æрæппæрстой аст æнæпилотон тæхæг аппараты, уæлдæфы скуынæг кодтой америкæйаг "HIMARS"-ы æввдæс гарзæджы æмæ иу ракетæ "HARM". Уæлдæфон-космикон тыхты авиаци уæлдæфы спырх кодтой МиГ-29 æмæ Су-24.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 307 хӕдтӕхӕджы, 155 вертолеты, 2107 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 377 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 5147 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 855 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3439 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 5973 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралӕй фӕстӕмӕ уадзы сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы денацификаци ӕмӕ демилитаризацийы фӕдыл. Владимир Путин ын йӕ нысан схуыдта "аст азы дӕргъы ӕфхӕрд цы адӕм цыдысты Украинайы рдыгӕй, уыдон бахъахъхъӕнын".
Ног хабӕртты лентӕ
0