Гаглойты Алан раарфӕ кодта Бжанияйӕн Абхазы Ссӕрибар кӕныны боны цытӕн

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы тырысатӕ
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта йӕ абхазаг коллегӕ Аслан Бжанияйӕн Республикӕ Абхазы Ссӕрибар кӕныны боны цытӕн.
"Хуссар Ирыстоны цӕрджыты ӕмӕ мӕхи номӕй ӕрвитын Дӕумӕ ӕмӕ ӕфсымӕрон абхазаг адӕммӕ иууыл хъарм ӕмӕ зӕрдӕбын арфӕтӕ стыр паддзахадон бӕрӕгбоны фӕдыл - Абхазы Ссӕрибар кӕныны фоны цытӕн", - дзырдӕуы арфӕйы телы, кӕцы мыхуыр ӕрцыд президенты сайтыл.
30 сентябры 1993 Апсныйы хъӕбатыр адӕм сӕ сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинады сӕраппонд тугкалӕн хӕсты ссисты уӕлахиздзаутӕ. Уыцы бон сси абхазаг адӕмы фӕразондзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинады, аккаг сомбонмӕ йӕ тырнындзинады символ.
Гаглойты Алан куыд бахахх кодта, афтӕмӕй Абхаз йӕ бӕрӕгбоныл ӕмбӕлы нымад паддзахадӕй, кӕцы ӕнтыстджынӕй цӕуы адӕмы равзӕрстгонд фӕндагыл ӕмӕ ӕнӕгуызавӕйӕ кӕсы сомбонмӕ.
Президент равдыста ныфс, ӕмӕ ӕхсӕнпаддзахадон ахастытӕ республикӕты хсӕн дарддӕр кӕй кӕндзысты арфӕй арфдӕр ӕууӕнчы принциптыл бындуриуӕггӕнгӕйӕ.
Гаглойты Аланы цӕст бауарзта Аслан бжанияйӕн ӕнтыстытӕ паддзахадон архайды, абхазаг адӕмӕн та сабырад, фӕрныгад ӕмӕ дидинкалд.
Ног хабӕртты лентӕ
0