Кремлы бафыстой бадзырдтæ Уæрæсейы скондмæ ДАР, ЛАР, Херсон æмæ Запорожьейы бацыды тыххæй

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæКремлы бафыстой бадзырдтæ Уæрæсейы скондмæ ДАР, ЛАР, Херсон æмæ Запорожьейы бацыды тыххæй
Кремлы бафыстой бадзырдтæ Уæрæсейы скондмæ ДАР, ЛАР, Херсон æмæ Запорожьейы бацыды тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik. Майрæмбоны Кремлы ацыд цытджын церемони, цы ран бафыстæуыд бадзырд Уæрæсейы скондмæ цыппар ног субъекты бахызты фæдыл. Уыдоны - ДАР, ЛАР, Херсон æмæ Запорожаг областы развæлгъау ацыд референдумтæ.
Церемонийы фæлгæтты Кремлы стыр галуаны Георгийы залы УФ президент Владимир Путин ауагъта сæрибар территориты разамонджытæ - Денис Пушилин, Леонид Пасечник, Владимир Сальдо æмæ Евгений Балицкийимæ фембæлд.
Фæстæдæр, 4 октябры Федерацийы Совет æркæсдзæн ног регионты Уæрæсейы скондмæ бакæныны фарстмæ.
ДАР, ЛАР, Херсоны æмæ Запорожаг областты 23-æй 27-æм сентябрьмæ ацыдысты референдумтæ, æмбæстæгтæ схъæлæс кодтой субъектты Уæрæсейы скондмæ бахизыныл.
Бюллетеньты 100% -мæ гæсгæ ДАР-а адæмæй УФ скондмæ бацæуынмæ тырнынц хъæлæсгæнджыты 99,23%, ЛАР – 98,42%, Херсоны областы – 87,05%, в Запорожаг областы – 93,11%.
Æртыццæджы, 21 сентябры республикæты хистæртæ ныффыстой Уæрæсейы президент Владимир Путинмæ фыстæг, цæмæй сæ райсой куыд хицæн субъекттæ афтæ Уæрæсейы скондмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0