Паддзахмæ минæвæртты таурæгътæ. Куырттаты балц. Мамиаты Хъарадзауы хабар

Паддзахмæ минæвæртты таурæгътæ
Рафыссын
Куырттатæ æрæмбырд сты Дæллагхъæуы агъуыст ныхасмæ. Уынаффæ кæнын байдыдтой æмæ загътой: "Фæцæуæм нæ цытджын паддзахмæ æмæ базонæм, цы цæстæй нæм кæсы, уый. Фæлæ нæ замана уый у, æмæ хъулон гæххæтты кæй нæ зонæм".
Мамиаты Бидейы фырт Хъарадзаумæ фервитæм, зæгъгæ, загътой. Цымытийæ дæр ма нæ исчи куы уаид, зæгъгæ, æмæ сын сразы Калманты Ацæмæз. Уый загъта:
— Æз фæцæудзынæн куырттатæм. Уæдæ, афтæ нæу, чи зоны, хъыгдарæг нæ куы уа, мыййаг: бæрджытæ скæнæм, чи нæ цы мигæнæг уыдзæн ахæм рæстæджы!
Паддзахимæ ныхасгæнæг нын Богъаты Ислам фæуæд, йæ дзыхы ныхас топпы хъæр кæмæн кæны. Хосæй ифтындзыны тыххæй рæвдздæрæн равзæрстой Калманты Ацæмæзы. Хъазуаты бацæуыны тыххæй загътой — Цæлыккаты Дзадже. Уæрдæттæ хъахъхъæнын Къаболаты бар бакодтой.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0