https://sputnik-ossetia.com/20220930/paddzakhm-minvrtty-taurgt-tslykkaty-dzadzheyy-kard-kuyrttaty-tsagd-19164350.html
Паддзахмæ минæвæртты таурæгътæ. Цæлыккаты Дзаджейы кард. Куырттаты цагъд
Паддзахмæ минæвæртты таурæгътæ. Цæлыккаты Дзаджейы кард. Куырттаты цагъд
Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахы номæй сæрвыстой ирон дзыллæмæ иу инæлары, ныр Екатериноградскæй станицæ кæй хонынц, уырдыгæй. Нæхирдыгонау та уыцы станицæ хуыдтой Сæпачъе. 30.09.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-09-30T15:50+0300
2022-09-30T15:50+0300
2022-09-30T15:50+0300
радио иронау
ирон таурæгътæ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/1e/19164196_79:0:2084:1128_1920x0_80_0_0_944b0f47010c7bc4f764b9721bcc75ea.png
Паддзахмæ минæвæртты таурæгътæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахмæ минæвæртты таурæгътæ
Паддзахы номæй сæрвыстой ирон дзыллæмæ иу инæлары, ныр Екатериноградскæй станицæ кæй хонынц, уырдыгæй. Нæхирдыгонау та уыцы станицæ хуыдтой Сæпачъе.Сиды йæхимæ ирон адæмы раззаг адæмтæм æрныхас кæнынмæ, æрфидауынмæ. Чиныг кæмæн арвыста, уыдон бацыдысты Куырттаты коммæ. Куырттаты комы дзыхæй дæр загътой, чиныг дæр радтой.Чиныгмæ ракæс-бакæс кодтой, æмæ дзы чи цы бамбæрстаид! Стæй æрæмбырд сты, кæмæн æй бакæсын кæнæм, зæгъгæ. Æмæ хъуыстгонд уыди Мамиаты Хъарадзау, чиныджы зонæг æмæ Уырысмæ цæуæг лæг, æмæ йæ уымæ фæхæссæм æмæ йæ уый бакæса, зæгъгæ. Сбадтысты бæхтыл иу къорд лæджы æмæ фæцыдысты Уæлладжыры коммæ, туалтæм, Мамиаты Хъарадзаумæ. Хъарадзау сæ суазæг кодта. Чиныджы бакаст æмæ сын загъта:— Æцæгдзинадæй, паддзах сиды ирон адæммæ. — Стæй ма загъта чиныгхæсджытæн: — Абон майрæмбон, фæлæ мæм иннæ майрæмбоны æнхъæлмæ кæсут, сæмбæлдзынæн Хидыхъусмæ, мемæ дæр ма ардыгæй лæгтæ ахондзынæн.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/1e/19164196_441:0:1945:1128_1920x0_80_0_0_dc2071b99cbb59bd68372172d7860e5e.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , ирон таурæгътæ, аудио
радио иронау , ирон таурæгътæ, аудио
Паддзахы номæй сæрвыстой ирон дзыллæмæ иу инæлары, ныр Екатериноградскæй станицæ кæй хонынц, уырдыгæй. Нæхирдыгонау та уыцы станицæ хуыдтой Сæпачъе.
Сиды йæхимæ ирон адæмы раззаг адæмтæм æрныхас кæнынмæ, æрфидауынмæ. Чиныг кæмæн арвыста, уыдон бацыдысты Куырттаты коммæ. Куырттаты комы дзыхæй дæр загътой, чиныг дæр радтой.
Чиныгмæ ракæс-бакæс кодтой, æмæ дзы чи цы бамбæрстаид! Стæй æрæмбырд сты, кæмæн æй бакæсын кæнæм, зæгъгæ. Æмæ хъуыстгонд уыди Мамиаты Хъарадзау, чиныджы зонæг æмæ Уырысмæ цæуæг лæг, æмæ йæ уымæ фæхæссæм æмæ йæ уый бакæса, зæгъгæ. Сбадтысты бæхтыл иу къорд лæджы æмæ фæцыдысты Уæлладжыры коммæ, туалтæм, Мамиаты Хъарадзаумæ. Хъарадзау сæ суазæг кодта. Чиныджы бакаст æмæ сын загъта:
— Æцæгдзинадæй, паддзах сиды ирон адæммæ. — Стæй ма загъта чиныгхæсджытæн: — Абон майрæмбон, фæлæ мæм иннæ майрæмбоны æнхъæлмæ кæсут, сæмбæлдзынæн Хидыхъусмæ, мемæ дæр ма ардыгæй лæгтæ ахондзынæн.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.