Уæрæсейаг æфсæддонтæ иу суткæмæ скуынæг кодтой æхсæз украинæйаг æфтауцы хæстæрмæджытимæ

© Sputnik / Виктор Антонюк /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæддонтæ
Уæрæсейаг æфсæддонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik. Уæрæсейаг авиаци, ракетон æфсæдтæ æмæ артиллери скуынæг кодтой æхсæз украинæйаг æфтауцы ракетон-артиллерион хæстæрмæджытимæ ДАР, Запорожаг æмæ Днепропетроваг областты, афтæ ма горæт Николаевы, фехъусын кодтой УФ Хъахъхъæнынады министрады.
Уæрæсейы уæлдæфон-космикон авиаци æрыппæрстой Украинæйы Гарзджын тыхты МиГ-29 æмæ Су-25 хæдтæхджытæ. Афтæ ма уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ æрыппæрстой фондз æнæпилотон тæхæг аппараты.
Уымæй дарддæр уæлдæфы æрыппæрстой америкæйаг залпон æхсты реактивон системæ "HIMARS"-ы 18 сармадзаны æмæ дыууæ америкæйаг ракетæ "HARM".
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 309 хӕдтӕхӕджы, 155 вертолеты, 2112 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 377 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 5153 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 856 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3440 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 5988 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралӕй фӕстӕмӕ уадзы сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы денацификаци ӕмӕ демилитаризацийы фӕдыл. Владимир Путин ын йӕ нысан схуыдта "аст азы дӕргъы ӕфхӕрд цы адӕм цыдысты Украинайы рдыгӕй, уыдон бахъахъхъӕнын".
Ног хабӕртты лентӕ
0