https://sputnik-ossetia.com/20221002/paddzakhm-minvrtty-taurgt-kuyrttaty-kadg-19110400.html
Паддзахмæ минæвæртты таурæгътæ. Куырттаты кадæг
Паддзахмæ минæвæртты таурæгътæ. Куырттаты кадæг
Sputnik Хуссар Ирыстон
Уырысы паддзахæй Кавказы адæмтæм æвналын райдыдтой Екатеринæйы рæстæджы. Куырттаты коммæ барвыстой хицæуттæ: "Фæнды нæ, Уæрæсейы паддзахимæ хæларæй, фидыдæй... 02.10.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-10-02T12:05+0300
2022-10-02T12:05+0300
2022-10-02T12:05+0300
радио иронау
ирон таурæгътæ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/1c/19109322_79:0:2084:1128_1920x0_80_0_0_bbec6257379c150c259382737ef5f6d0.png
Паддзахмæ минæвæртты таурæгътæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахмæ минæвæртты таурæгътæ
Уырысы паддзахæй Кавказы адæмтæм æвналын райдыдтой Екатеринæйы рæстæджы. Куырттаты коммæ барвыстой хицæуттæ: "Фæнды нæ, Уæрæсейы паддзахимæ хæларæй, фидыдæй куыд цæрат, афтæ. Паддзахад уын алы аз дæр дæтдзæн топпыхос, зды, хъуымац, цæхх æмæ æфсæйнаг".Иу къорд азты райстой куырттатæ хицæуттæй, кæй сын загътой, уыдон. Стæй иу-авд азы нал ацыдысты исынмæ. Иу ахæмы Куырттаты устытæ уæлмæрды баиу сты æмæ се ’хсæн ныхас рауади:— Ныронг нæ дзыллæ сæхи хайджын кодтой хъуымацæй, цæххæй, лæвар сын сæ кодта уырысы паддзах. Мах лæгтæ, æвæццæгæн æмæ, сæ фыдæлтæй æнæхъарудæр сты, уыййеддæмæ сын фыдæлтæн цы лæвæрдтой, уый сын сæхицæн куыд нæ раттиккой?— Зæгъæм нæ лæгтæн: "Кæд лæгтæ стут, уæд æнæ хæлаф, æнæ хæдон цæмæн стут?" Куынæ ацæуой æмæ сæ хай куынæ схæссой, уæд сын кæрдзын мауал кæнæм. Ацы ныхас алчидæр йæ лæгæн куыд зæгъа, афтæ.Устытæ сæ хæдзæртты сæ лæгтæн фехъусын кодтой сæ тæрхон.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/1c/19109322_383:0:1887:1128_1920x0_80_0_0_b6f5f40beb2786fcc9cb2296866c0490.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , ирон таурæгътæ, аудио
радио иронау , ирон таурæгътæ, аудио
Уырысы паддзахæй Кавказы адæмтæм æвналын райдыдтой Екатеринæйы рæстæджы. Куырттаты коммæ барвыстой хицæуттæ: "Фæнды нæ, Уæрæсейы паддзахимæ хæларæй, фидыдæй куыд цæрат, афтæ. Паддзахад уын алы аз дæр дæтдзæн топпыхос, зды, хъуымац, цæхх æмæ æфсæйнаг".
Иу къорд азты райстой куырттатæ хицæуттæй, кæй сын загътой, уыдон. Стæй иу-авд азы нал ацыдысты исынмæ. Иу ахæмы Куырттаты устытæ уæлмæрды баиу сты æмæ се ’хсæн ныхас рауади:
— Ныронг нæ дзыллæ сæхи хайджын кодтой хъуымацæй, цæххæй, лæвар сын сæ кодта уырысы паддзах. Мах лæгтæ, æвæццæгæн æмæ, сæ фыдæлтæй æнæхъарудæр сты, уыййеддæмæ сын фыдæлтæн цы лæвæрдтой, уый сын сæхицæн куыд нæ раттиккой?
— Зæгъæм нæ лæгтæн: "Кæд лæгтæ стут, уæд æнæ хæлаф, æнæ хæдон цæмæн стут?" Куынæ ацæуой æмæ сæ хай куынæ схæссой, уæд сын кæрдзын мауал кæнæм. Ацы ныхас алчидæр йæ лæгæн куыд зæгъа, афтæ.
Устытæ сæ хæдзæртты сæ лæгтæн фехъусын кодтой сæ тæрхон.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.