00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
08:00
3 Мин
08:30
3 Мин
09:00
3 Мин
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Новости
17:00
4 Мин
Новости
17:30
4 Мин
В центре событий
17:45
15 Мин
Главные темы
08:00
4 Мин
Утро не Спутнике
Высокая закредитованность: как не попасть в долговую петлю
08:04
26 Мин
Главные темы
08:30
4 Мин
Главные темы
09:00
4 Мин
Главные темы
09:30
4 Мин
13:00
60 Мин
Новости
17:00
4 Мин
17:04
16 Мин
В центре событий
17:28
1 Мин
Новости
17:30
4 Мин
В центре событий
17:38
22 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3
Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

16. XVII. ЦÆЦÆНЫ БОНТÆ ÆМÆ ÆХСÆВТÆ

16. XVII. ЦÆЦÆНЫ БОНТÆ ÆМÆ ÆХСÆВТÆ
Рафыссын
Кадетты корпусмæ йæ ахуырмæ куы арвыстой, уæд ууыл нæ хъуыды кодта, фæлæ йæ ныр базыдта: айхуызæн уавæры райгуырæн бæстæй дард цæрын йæ бон нæ уыд.
Йæ бон бирæ уыд Муссæйæн, æркодта йæ Чугуевæй, ныр йæ Чысыл Цæцæнмæ минæвар рарвыста. Се ’взаг æмæ сæ фæндæгтæ сын дæ хуызæн ничи зоны, йын дзырдта. Ау, æцæг афтæ у?
Æлвæст æрдынау, лæууыд æгас Цæгат Кавказ, уæлдайдæр та Цæцæн æмæ Мæхъхъæлы. Æнцон бацæуæн нæ уыд æцæгдæр уырдæм, фæлæ йæ æнæхъуаджы нæ фæдзæхста Муссæ, нæ царды фæткæй хуыздæр дæ ничи бахъахъхъæндзæн, хъæууынджы дыл куыдз рæйын дæр нæ бауадздзысты, зæгъгæ. Цъиуызмæлæг нæ зынд хъæуты, уынæр никуыцæй хъуыст, цыма куыйты дæр фæдзæхсгæ, кæнæ та бæтгæ бакодтой.
Æнкъардта йæ Темырболат: уымæй йын уазæгуарз адæм æмбарын кодтой — ам дыл хъæууынджы куыдз дæр не срæйдзæн, фæлæ хъæугæ дæр ницæмæн кæныс æмæ дæхи сæлдыл айс, зæгъгæ.
Цахæмдæр чысыл цæугæдоны балæгæрста Æрфæн æмæ йæ йæ къахæй ныххоста. Фæхатыд æй барæг: хайуанæн дойны уыд. Æргæпп ласта, йе ’хтæнгтæ йын суæгъд кодта. Æфсæддонтæ дæр æй бафæзмыдтой, фæлæ тæвдæй дон нуазын нæ бауагътой бæхтæн.
Æрдз ын цыма бустæ кодта, Цæцæнмæ æнæхонгæйæ кæй цыд, уый тыххæй. Тархъæд бамыр ис, уынæр никуыцæй хъуыст. Æрмæст сæнтдзæф сау цъиу йæ къæс-къæсæй не ’нцад, æнæном цæугæдон йæ иугъæдон зарæг ивæзта æмæ кæцæйдæр мыдыбындзы гуыв-гуыв хъуыст, цыма кæугæ кодта.
"Чысыл кæй у, уымæн æй афтæ тынг уарзынц... Уымæн калынц сæ туг йæ сæрыл Раздзог, Малсæгты Тепса, Дзæрæхохты Алхаст". — Уый а бæстæй дзырдта. Хъизæмар æмæ хъазуатон тохæй йе ’рдзы зарæг æгуыппæг, хъынцъымæй йедзаг кæмæн у, уымæй.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0