Æгъдауы таурæгътæ. Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры

Æгъдауы таурæгътæ
Рафыссын
Хуыцауыуарзон æртæ æфсымæры уыдис. Цардысты тыхджын фыд мæгуырæй, æмæ сæ цардæй сæ зæрдæ сфæлмæцыд. Сæ хистæр æфсымæр иу бон загъта: "Æз хъуамæ фесафон мæ сæр".
Рараст кодта æмæ байдыдта цæуын. Сау хъæдмæ фæцыд æмæ уым бæласы сæрмæ схызт. Уыцы ран фæкуыдта.
Уæд æм Уастырджи æввахс цæуы æмæ йæм хъусы. Уый фæкуывта бæласы сæр: "Гъе Хуыцау, мæгуырæй дæр фæцардтæн, ацы сау хъæдтæ мын сæндæттæ уæддæр куы фестиккой".
Уастырджи ехс æркъуырдта зæххыл, бæстæ арвау ныннæрыд. Хуыцауыуарзон лæппуйæн сæндæттæ фестадысты уыцы хъæдтæ.
Нæ йын равдыста Уастырджи йæхи, афтæмæй атахти уæларвмæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0