Хуссар Иры минӕвӕрттӕ рамбылдтой цыппар майданы Ставрополы

Рафыссын
Уым ӕмрӕстӕджы цыд дыууӕ турниры
ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Боксы скъолайы хъомылгӕнӕгтӕй дыууӕйӕ ссисты ӕппӕтуӕрӕсеон ерыстӕ "Юность России"-йы бронзӕйон призертӕ Ставрополы, фехъусын кодта Sputnik боксы тренер Тедеты Александр.
Дыууӕ лӕппу дӕр ауагътой ӕртӕ фӕзминаг тохы.
"Джиоты Марат тох кодта 60 килограммы уӕзы 15 азы кары фӕсивӕды хсӕн. Ерысты размӕ йӕ бахъуыд йӕ уӕз фӕкъаддӕр кӕнын, фӕлӕ уый дӕр лӕппуйы нӕ фӕкъуыхцы кодта ӕмӕ ссис ӕртыккаг. Ӕнгӕс хатдзӕгтӕ равдыста Гуыцмӕзты Руслан, уый дӕр архайдта 15 азы кары фӕсивӕды хсӕн, ӕрмӕст 70 уӕзы. Уый дӕр у бронзӕйӕн призер",- загъта тренер.
Боксы скъолайы аннӕ минӕвар Цыхуырбаты Арсен, тренеры хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕнӕ майдан баззад тӕрхоны аххосӕй. "Ӕртӕ тох ауагъта ӕмӕ ӕрдӕгфиналон фембӕлды тӕрхонгӕнджытӕ аскъуыддзаг кодтой йӕ ныхмӕлӕууӕг кӕй уыд тыхджындӕр, фӕлӕ ӕз нымайын, нӕ спортсмен лӕмӕгъдӕр нӕ уыд", - бахахх кодта уый.
Тренер ма бафтыдта, ӕмрӕстӕджы ма Ставрополы цыд ерыстӕ кӕстӕр Фӕсивӕды хсӕн. Ам дӕр Хуссар Ирыстоны дыууӕ минӕвары расгуыхтысты.
"Плиты Эрик 39 килограммы уӕзы ссис уӕлахиздзау, уый рамбылдта дыууӕ тохы. Гӕбӕраты Алим та ссис дыккаг", - бахахх кодта Тедеты Александр.
Фӕсивӕд цӕттӕ цӕнынц Цхинвалы боксы скъолайы тренертӕ Куымӕридтаты Родион ӕмӕ Тедеты Александры хъусдарды бын.
Ног хабӕртты лентӕ
0