Цхинвалы ацыд хӕрзаудӕн концерт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хӕстонтӕн баххуысы охыл

© Sputnik / Виктор Антонюк /  Ахизын медиабанкмæАртиллери
Артиллери - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацыд хӕрзаудӕн концерт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайджытӕн баххуыс кӕныны нысанӕн, фехъусын кодта Sputnik организатортӕй иу Уалыты Мальвина.
Мадзал ацыд ивгъуыд къуырийы кӕрон, уым ӕрӕмбырд кодтой 100 мин сомы бӕрц ирон хӕстонтӕн.
"Цхинвалы дӕр нӕ бафӕндыд ауадзын хӕрзауӕн концерт. Цыппар зарӕггӕнӕджы хъуамӕ ӕрцыдаиккой Цӕгат Ирыстонӕй, фӕлӕ дзы рауагътой ӕрмӕст TARA 202 (Тӕрайты Сослан). Культурӕйы министрад дӕр нын ӕмархайд кодта, зарӕггӕнджытӕ Икъаты Милена, Санахъоты Сослан ӕмӕ ӕндӕртӕ", - загъта Уалыты Мальвина.
Уый ма бахахх кодта, концертӕй цы фӕрӕзтӕ райстой, уыдон арвитдзысты сӕрмагонд хыгъдмӕ, кӕцы здӕхт у Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хӕстонтӕн ӕххуыс ӕмӕ ифтонгмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0