Уæрæсейаг тыхтæ скуынæг кодтой Запорожаг областы УГТ "Град"-ты æртæ батарейы

© Пресс-служба Минобороны РФ /  Ахизын медиабанкмæ "Град"
 Град - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik. Контрбатарейон тохы рæстæджы иу суткæмæ пырх æрцыдысты залпон æхсты реактивон системæ "Град"-ы æртæ украинæйаг реактивон батарейы Запорожаг областы цæрæн пункттæ Цветковое, Святопетровка æмæ Яблоковойы районы. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад.
Афтӕ ма уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ ӕрӕппӕрстой ӕртӕ ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты. Уымӕй дарддӕ уӕлдӕфы куынӕг ӕрцыдысты залпон ӕхсты америкӕйаг реактивон системӕ HIMARS-ы 15 гарзӕджы.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 310 хӕдтӕхӕджы, 155 вертолеты, 2137 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 378 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 5292 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 860 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3444 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 6189 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0