УУМ зынӕфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой ӕртӕ ссыгъды Цхинвал ӕмӕ Знауыры районы

© Sputnik / Natalia AiriyanЗынгфӕдисон
Зынгфӕдисон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕм къуырисӕры фӕсидтысты ӕртӕ зынгсирвӕзтмӕ, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны радгӕсон службӕйы.
Зынгфӕдисонты къорд ныр дӕр архайы Цхинвалы микрорайон "Хурзӕрин"-мӕ хӕстӕг ссыгъд ахуыссын кӕныныл.

"Знауыры районы Чъимасы хъӕуы та кӕрдӕджы ссыгъд ӕввахс бацыд цӕрӕнуӕттӕм, фӕлӕ зынгфӕдисонтӕ аиуварс кодтой афоныл проблемӕ", - загъта радгӕсон.

Уӕлвӕткон министрады бафтыдтой, къуырисӕры ма иу зынгсирвӕзт та кӕй ахуыссын кодтой столицӕйы ЦАРЗ-ы микрорайоны, раздӕры фыдызгъӕлы заводы цур.
Хуссар Ирыстоны сбæрæг кодтой зынгхуыссынгæнæн службæйы хуыздæр кусджыты  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2022
Хуссар Ирыстоны сбæрæг кодтой зынгхуыссынгæнæн службæйы хуыздæр кусджыты
Ног хабӕртты лентӕ
0