Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

17.ЧЫСЫЛ ЦÆЦÆНЫ НАИБ ОСМАНАТЫ СААД-УЛЛАХЪ

17.ЧЫСЫЛ ЦÆЦÆНЫ НАИБ ОСМАНАТЫ СААД-УЛЛАХЪ
Рафыссын
Цытуарзаг лæг уыд Чысыл Цæцæны наиб Османаты Саад-Уллахъ (уырыс æмæ ир æй Садуллæ хуыдтой). Бирæ фæндæгтыл æй фæхаста уыцы цытуарзондзинад. Йæ ныййарæг адæм сæ туджы мæцыдысты, æгас Цæцæн цъæх пиллон уагъта, наиб та, йæ фыд ын цы тых æмæ рæстдзинад дзырдта, уый агуырдта. Чысыл Цæцæны наиб ссис, фæлæ йын уый фаг нæ уыд, йæхицæй стырдæр адæммæ ма æхсайдта йæ зæрдæ æмæ уымæн. Уыдонæн стыр Аллахы фæндонæй сæ бон уыд, тæрхон ыл скодтаиккой, йæхæдæг куыд стæрхон кæны хуымæтæджы фæрссаг лæгыл, афтæ. Саад-Уллахъы та фæндыд, цæмæй йæ тæрхонгæнæг уыдаид Иунæг Стыр Аллах.
Æгас Цæцæн æмæ Мæхъхъæлы иунæг хицау йæхæдæг куы уыдаид, уæд уый искæмæй къаддæр нæ нозтаид джауырты туг, фæлæ йын йæ фыдæй æрмæст Чысыл Цæцæны наибы къæлæтджын баззад æмæ "тых" ссарыны сæраппонд Уæрæсейы паддзахы афицертæм марходарæг гæдыйы цæстæй каст, кæд ын йæ бæстæм тыхгæнæг цыдысты, уæддæр.
Уый сæраппонд, авайраг Хадзы-Муратау, иу цалдæр хатты паддзахы инæлары "гауызыл æрæвæрдта йæ къах", фæстæмæ дæр та-иу сæрæгасæй æрбаздæхт.
Граф Евдокимов имам Шамилы имамат ныддæрæн кодта, цæцæны гуырдтæ дæр ныссыдтой сæ кæрдтæ кæрддзæмты. Уый хыгъд, кæд наиб уырыссагау иугай ныхæсты йеддæмæ нæ зыдта, уæддæр йе уæхсчытæ майоры пъагæттæй сфæлыста.
...Æндæргъуызон уыд Муссæ-Алхасы (афтæ йæ хуыдтой цæцæн æмæ мæхъхъæл) цардвæндаг. Уыцы цардвæндагмæ Садуллæ куы æлгъæй каст, куы та йын цыт кодта. Кæцæй кæдæм!.. Йæхæдæг Чысыл Цæцæны наиб уыд, Муссæ та æгас Цæцæны æфсæддон зылды хицау. Тæхуды кæны наиб кадджын Тæгиан-æлдармæ.
Йæ сыгъзæрин æхсаргарды бырынкъæй хæххон лæджы туг лæдæрстис, иу хатт нæ, — бирæ хæттыты. Сæ туджы аргъæй инæлары пъагæттæй сфæлыста йе уæхсчытæ. Цæцæны æфсæддон зылды хицауы къæлæтджыныл æрбадт, йæ бон ныккалæд Хуыцауы цæфæй. Не ’мдин у, зæгъынц, махау Стыр Аллахы цытæн бон цалдæр хатты ламаздыхъхъыл йæхи æруадзы, ныхасы дæр фæбады немæ...
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0