Хуссар Иры столицӕйы сӕвӕрдтой цырт уӕрӕсейаг поэт Расул Гамзатовӕн

© Sputnik / Фото: Хуссар Иры столицӕйы сӕвӕрдтой цырт уӕрӕсейаг поэт Расул Гамзатовӕн
Хуссар Иры столицӕйы сӕвӕрдтой цырт уӕрӕсейаг поэт Расул Гамзатовӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Вокзалгӕрон фӕзуаты сӕвӕрдтой бюст дагестайнаг поэт Расул Гамзатовӕн. Цырт сӕвӕрыны хъуыды фӕзынд 2013 азы, уӕд дзы сӕвӕрдтой дур, фидӕны цырты бынаты.
Ныридӕгӕн ӕгас Вокзалгӕрон фӕзуат иууылдӕр у арӕзтады бын, куыстытӕ сты ӕлхынцъ кӕныны стадийыл. Цырт горӕты цӕрджытӕ федтой 30 сентябры.

"Азы райдианы мӕм ӕрбацыд заказ сцӕттӕ кӕнын бюст, ныридӕгӕн нӕ куыстытӕ ӕххӕст фесты, хъӕуы ма йӕ алыварс хӕрзарӕзтад. Поэты цырт у горӕты территорийыл цы цыртытӕ сӕвӕрыны хъӕппӕрис ис, уыдонӕй иу", - загъта Sputnik цырты скульптор, Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг Бекъойты Алан.

Бекъойты Аланӕн уый йӕ иунӕг куыст нӕу Хуссар Ирыстоны столицӕйы, уымӕй размӕ автор бацӕттӕ кодта фонтан Фатимӕйы скульптурӕимӕ, Джусойты Нафийы цырт ӕмӕ ӕндӕртӕ.
© Sputnik / Фото: Хуссар Иры столицӕйы сӕвӕрдтой цырт уӕрӕсейаг поэт Расул Гамзатовӕн
Дагестанскому поэту Расулу Гамзатову установили бюст в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2022
Хуссар Иры столицӕйы сӕвӕрдтой цырт уӕрӕсейаг поэт Расул Гамзатовӕн
Ног хабӕртты лентӕ
0