Хуссар Иры йæ цардæй ахицæн Стыр Фыдыбæстон хæсты ветеран Цоциты Амыран

© Sputnik / Natalia Airiyan Цоциты Амыран
Цоциты Амыран - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны йæ цардæй ахицæн Стыр Фыдыбæстон хæсты ветеран Цоциты Амыран. Хæсты хъайтар фæмард 97-аздзыдæй.
Цоциты Амыран Григорийы фырт райгуырд 1926 азы 8 марты Цхинвалы районы Ортъеуы.
1943 азы уый каст фæцис скъола йæ райгуырæн хъæуы, 1944 азы августы йæм æрсидтысты æфсæддон службæмæ.
Цоциты Амыран ницы загъта йæ ныййарджытæн, уый банхъæлмæ каст, цæмæй хæдзары ма уой, æрæмбырд кодта йæ дзауматæ æмæ ацыд Цхинвалы æфсæддон комиссариатмæ.
"Æз фистæгæй цыдтæн хъæуæй горæтмæ, уый у 20 километры бæрц. Горæтмæ фæцæйхæццæ кодтон æмæ сæмбæлдтæн мæ ныййарджытыл. Мæ фыдмæ мæ бафарста, кæдæм цæуыс ома. Æмæ йын æз дæр алцыдæр раст радзырдтон. Уыдон стыхстысты, райдыдтой дзурын, цæмæй ма ацæуон. Фæлæ æз зыдтон, кæй хъæуын мæ Фыдыбæстæйы, уый фæдыл мæнæн фæстæмæ фæндаг нал уыд", - дзырдта ветеран йæ интервьютæй иуы Sputnik-æн.
Ветеранæн фæстаг хæрзбон зæгъдзысты æртыццæджы, 5 октябры.
Ног хабӕртты лентӕ
0