Цæгат æмæ Хуссар Иры хсæн Ручъы тоннель гæнæн ис фæзына 500 сомы банкнотæйыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Рокский тоннель
Рокский тоннель - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Экспертон къорд банхъардта Цæгат Кавказы федералон зылды 60-йæ фылдæр фендтаг бынаты 500 сомы модернизацигонд купюрæйыл бакæнынæн, хъусын кæны РИА Новости.
"Лидерты хсæн ис Цæргæсы скульптурæ "Тæвд хохыл", Михаил Лермонтовы цырт, Эоловы арфа. Банкнотæйы аннæ фарсыл банхъардтой цæгаткавказаг республикæты зындгонд бынæттæ. Иууыл фылдæр хъæлæстæ райста Эльбрус, Дербенты фидар Дагестаны, мæсгуыты комплекс Вовнушки æмæ Таргим Мæхъæлы", - дзырдæуы Уæрæсейы банчы хъусинаджы.
Централон банчы бахахх кодтой, сиволтæм, кæцытæм йæ хъус аздæхта экспертон къорд, сты зындгонд æмæ хорз цæуынц банкнотæйыл бакæнынмæ.
"Банкнотæйыл гæнæн ис уа Триумфалон аркæ Ставрополы, Грозный-Сити, Цæцæны Националон библиотекæ, Чиркейскы ГЭС, Евразийы егъаудæр азимуталон телескоп Архызы, Ручъы тоннель Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны хсæн, "Семь журавлей" цыртдзæвæн Дзæуджыхъæуы цур, Мысæн æмæ цыты мемориал Назраны", - бафтыдтой уагдоны.
Нысангонд æрцыд, кæронбæттæн скъуыддзаг эскизы фæдыл кæй райсдзæн Уæрæсейы Банчы директорты Совет.
Ног хабӕртты лентӕ
0