Цхинвалы иу хай дыццæджы баззад æнæ газæй

© PixabayГаз
Газ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс" апарахат кодта хъусинаг газ ахицæн кæныны тыххæй дыццæджы столицæйы кæцыдæр уынгтыл. Газ ахицæн кæныны аххосаг у цалцæггæнæн куыстытæ газы хæтæлыл.
"Газы хæтæлыл цалцæггæнæн куыстыты тыххæй 4 октябры 9.00 сахатæй 13 Коммунары, Остъаты æфсымæрты, Табуты Радикы, Мичурины, Инæлар Сланты Леониды, Санахъоты Игоры уынгтæ, Мамысанты район æмæ Иры хъæуы кæцыдæр хæдзæрттæ баззайдзысты æнæ газæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Энергетикон уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, газ ацы районтæм ратдзысты 13.00 сахатыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0