Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

18. АЛХАНТЫ МАХМУД

18. АЛХАНТЫ МАХМУД
Рафыссын
Муссæйы минæвæрттæ хъæуы арæнæй нæма ахызтысты, афтæ наибы хатæны дуар фегом ис æмæ Алханты Махмуд æррайау æрбасхъиудта мидæмæ. Тыхæй лæбурæгæн йæ фæдыл фæсдзæуинтæ æрбакалдысты, фæлæ сыл хицау йæ къух ауыгъта æмæ феддæдуар сты. Иунæгæй аззадысты, фысым йæхиуыл рахæцыд, йæ мидбылты бахудтис лæппумæ, фæлæ йæ уый фæфиппайдта: уыцы мидбылхудт уыдис тыхми.
...Алханты Махмудæн йæ фыды куы амардтой, уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рацыд, фæлæ æвзонг лæппуйы цæстæй нæ хицæн кæны ныййарæджы фæлгонц.
Йæ мад Хазу базæронд ис, хæдзары митæ кæнын ма тыхæй фæразы, йæ цоты цот æрæййафын æй фæнды: "Махмуд, æрххæсс-ма мын мæ мæгуыр артдзæстмæ искæй чызджы, нывонд дын фестон!.. Уæртæ нæ сыхæгты чызг Фæзу йæхæдæг Дайалайы (арв æмæ хуры бардуаг сылгоймаджы) хуызæн куы у!.."
Фæзу æцæгдæр хурдзæсгом чызг уыд, фау æм ницæмæй хаста Махмуд, фæлæ, бинойнаг æрхæссыны койгæнгæйæ, йæ зæрдыл æрбалæууынц Сауадаг, сахъ ирон лæппу Хæмæт, чъылдымырдыгæй сыл чи æрзылд æмæ сæ чи схæццæ-мæццæ кодта, уыцы пъагонджын шайтан... Стæй Даргъвæндаг æмæ йæ бæхыл, дымгæйы бардуаг Фуркийау чи тахт, уыцы сауæрфыг. Зæронд цухъхъа кæуыл уыдис, уый... Нæ, Махмуд кæнæ куырм бацис, кæнæ та йын стыр Аллах сылгоймаджы мыггагæй йæ цæсты размæ сауцухъхъаджын хурдзæсгомы йеддæмæ никæй æвдисы.
Хаты Махмуд: йæ зæрдæ æнахуыр хъæрзт кæны уæдæй нырмæ. Йæ разæй хæссы дыууæ фæлгонцы: йæ фыд Алхан æмæ сауцухъхъаджын Дайалайы. Йæ зæрдæйы сагъæс ын чи бамбардзæн, æгæрыстæмæй йæ мадмæ дæр нæ уæнды.
Куыннæ йæм хъарынц йæ мады ныхæстæ, фæлæ йæ фыды фæдзæхст йæ хъусты дзæнгæрæгау зæлланг кæны: "Æрцагур æй, удæгас æй ма ныууадз! Бирæ мæ хуызæттæ рафтыд уый къухæй, сегасæн дæр удыбæстæ скæн. Дыууæ хæсы дыл æвæрын, сæ дыууæ дæр куы сæххæст кæнай, уæд æрбалæудзынæ мæ разы цæсгомджынæй... Къæрных Абдийы амарын æмæ ацы пъагонджынтæ... Уыдоны маст мæрдтæм мемæ хæссын æмæ..." — йæ ныхас кæронмæ нал ахæццæ, æнусмæ бамыр ис сахъ Алхан.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0