Гаглойты Алан раарфæ кодта Рамзан Кадыровæн йæ райгуырæн боны цытæн

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæРамзан Кадыров
Рамзан Кадыров - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Цæцæны сæргълууæг Рамзан Кадыровæн йæ райгуырæн боны цытæн.

"Дæрдтыл хъуыдыгæнæг политикы миниуджытæ æмæ сæ цæсгомджынæй æххæст кæнын сбæлвырд кодтой Дæ æнтыстджын куыст ацы бæрзонд паддзахадон бынатыл, уый руаджы Дæуæн ис кад æмæ авторитет æрмæст Уæрæсейы Федерацийы нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр", - дзырдæуы арфæйы телы, кæцы мыхуыргонд æрцыд президенты сайтыл.

Гаглойты Алан фидарæй загъта, Кадыровы хайадистæй дыууæ республикæйы хсæн æмгуыстадон ахастытæ дарддæр райтынг уыдзысты адæмы хæрзæбонæн.
Хуссар Ирыстоны президенты цæст бауарзта Цæцæны сæргълæууæгæн фидар æнæниздзинад, хæрзæбон æмæ бирæ æнтыстытæ йæ службæйы Фыдыбæстæйæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0