Хуссар Иры тæрхондоны пъырыстыфтæ дыууæ къуыримæ райстой фæткхалджытæй 155 мин сомы

© Пресс-служба МВД РЮОРейдтæ
Рейдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны тæрхондоны пъырыстыфтæ 16-æй 30-æм сентябрьмæ æрæмбырд кодтой фæндагон змæлды фæткхалджытæй административон ивартæ 155 мин сомы бæрц.
Юстицийы министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй республикæйы цæрджыты фæивар кодтой алыхуызон административон фæткхæлдты тыххæй.

"Фæткхæлдты хсæн ис: транспортон фæрæз нозтджынæй скъæрын, наркотикон буарадтæй æмæ сæ аналогтæй пайда кæнын, паддзахадон арæны уылты æнæзаконæй ахизын æмæ афтæ дарддæр. Ацы ивартæ æрæмбырд кæныны нысанæн Республикæ Хуссар Ирыстоны тæрхондоны пъырыстыфты службæмæ бацыд 21 æххæстгæнæн документы", - дзырдæуы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, тæрхондоны пъырыстыфтæ æмбæстæгты куы бафæдзæхстой, уый фæстæ уыдон бафыстой сæ ивартæ иууылдæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0