Путин бафыста закӕттӕ ног территоритӕ Уӕрӕсейы скондмӕ райсыны фӕдыл

Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Владимир Путин бафыста федералон конституцион закӕттӕ Уӕрӕсейы скондмӕ ног территоритӕ райсыны ӕмӕ федерацийы ног субъектты сырӕзты фӕдыл. Документтӕ мыхуыр цыдысты барадон информацийы интернет-порталыл.
Уӕрӕсейы скондмӕ бацыдысты ДАР, ЛАР, Запорожаг ӕмӕ Херсонаг областтӕ.
Раздӕр закӕттӕ сратификаци кодтой Паддзахадон думӕ ӕмӕ Федерацийы Советы.
Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин 30 сентябры ралæууыд Кремлы ДАР, ЛАР, Херсоны æмæ Запорожаг областты референдумты фæдыл, уый фæстæ бафыста барамындтæ сæ сæргълæуджытимæ регионты Уæрæсейы скондмæ райсыны фæдыл. Фæстæдæр Уæрæсейы Конституцион тæрхондон банымадта ацы бадзырдтæ аккаг УФ Конституцийæн.
Федерацийы совет - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2022
Федерацийы совет сратификаци кодта бадзырдтæ ног территоритæ УФ скондмæ бахизыны фæдыл
Ног хабӕртты лентӕ
0