Цхинвалы йе 'нусон бынатмӕ афӕндараст кодтой СФХ фӕстаг ветераны

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы афӕндараст кодтой СФХ фӕстаг ветераны
Цхинвалы афӕндараст кодтой СФХ фӕстаг ветераны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы йе 'нусон бынатмӕ афӕндараст кодтой, Хуссар Ирыстон ма цы фӕстаг ветеран Цоциты Амиран цард, уый.
Уый адунейӕ ахицӕн ис 96 азӕй, уый йӕ кармӕ нӕкӕсгӕйӕ ветеран йӕ фӕстаг бонтӕм уыд активон ӕмӕ фидар.
Хӕсты быдырмӕ бахауд 1944 азы, каст фӕцис курсытӕ, райста кӕстӕр лейтенант цин. Уый радта 12 азы хӕстон службӕйӕн, уый фӕстӕ 50 бӕрц куыста АТК-йы, уый фӕстӕ та паддзахадон университеты ӕмдзӕрӕндоны комендант.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы афӕндараст кодтой СФХ фӕстаг ветераны
Похороны Амирана Чочиева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.10.2022
Цхинвалы афӕндараст кодтой СФХ фӕстаг ветераны
Хуссар Ирыстоны фӕстаг ветераны зианмӕ ӕрбацыд республикӕйы уӕлдӕр разамынд - президент Гаглойты Алан, спикер Ӕлборты Алан, депутаттӕ, ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, хӕстӕджытӕ схыгӕтӕ. Тасойты Инал ӕмӕ Октябры уынджы алвӕндаг, кӕцыйыл ветеранӕн цыд сӕрмагонд парад ныр та ссис зиан фӕндараст кӕныны фӕзуат.

"Хорз адӕймаг уыд, ивгъуыд азы ма конференцийы дӕр архайдта. Хуссар Ирыстоны ма чи цӕры, уыдонӕй Цоциты Амыран уыд Стыр Фыдыбӕстӕйы хӕсты фӕстаг архайӕг", - загъта Ветеранты цӕдисы сӕрдар Хуыбылты Руслан.

Стыр Фыдыбӕстӕйы хӕсты ветеран райгуырд Цхинвалы районы Ортъеуы хъӕуы 1926 азы. Уыд хистӕр сывӕллон бинонты хсӕн.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы афӕндараст кодтой СФХ фӕстаг ветераны
Похороны Амирана Чочиева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.10.2022
Цхинвалы афӕндараст кодтой СФХ фӕстаг ветераны
Ног хабӕртты лентӕ
0