Херсоны областы фехъусын кодтой, кæй æрурæдтой украинæйаг æфсæдты размæбырст

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæддонтæ
Уæрæсейаг æфсæддонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. Херсоны областы администрацийы сæргълæууæг Кирилл Стремоусов фехъусын кодта, украинæйаг æфсæдты размæбырст регионы цæгаттаг хайыл кæй æрурæдтой.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хъахъхъæнынады министрад æмæ Росгвардийы æмархайдæй Херсоны здæхтыл алцыдæр ис контролы бын.

"Херсоны областы фæстæмæ ничи цæуыю Укронацисттæ æмæ фæсарæйнаг æххуырст æфсæддонты размæбырст регионы цæгаттаг хайты æрурæдтой. Хъахъхъæнынады министрад æмæ Росгвардийы æмархайдæй Херсоны здæхтыл алцыдæр ис контролы бын", - хъусын кæны Стремоусовы нгыхæстæ РИА Новости.

Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0