Уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой украинæйаг диверсантты дыууæ къорды

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы авиаци
Уæрæсейы авиаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. УФ Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, Харьковы областы кæй скуынæг кодтой дыууæ украинæйаг диверсион-разысгарæн къорды.
"Уæрæсейаг артиллери Харьковы областы Петровское цæрæн пункты районы скуынæг кодта дыууæ украинæйаг диверсион-разысгарæн къорды. Скуынæг кодтой 25 хæстоны æмæ дыууæ пикапы егъаукалиброн пулеметтимæ", - загътой уагдоны.
Уæрæсейы авиаци иу суткæмæ æрыппæрста Украинæйы уæлдæфон тыхты дыууæ хæдтæхæджы - МиГ-29 и Су-24.
Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ скуынæг кодтой фараст украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты. Афтæ ма уæлдæфы æрыппæрстой залпон æхсты реактивон системæ "Ольха".-йы æртæ сармадзаны.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 315 хӕдтӕхӕджы, 157 вертолеты, 2160 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 379 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 5412 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 862 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3452 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 6316 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0