Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

20. XIX. МИНÆВÆРТТÆ. ФÆДИСОНТÆ

20. XIX. МИНÆВÆРТТÆ. ФÆДИСОНТÆ
Рафыссын
Æгас Цæгат Кавказ та сызмæлыд. Фæндæгтæ байдзаг сты минæвæрттæ æмæ фидиуджытæй. Терчы облæсты хицау Лорис-Меликов бардзырд радта, фæндæгтæ сæхгæнут, "абырджытæн" цоппайы фадат мауал радтут, зæгъгæ.
Инæлары бардзырд нæ урæдта адæмы минæвæртты, йæ фæндаг ардта фæдисон. Бæтæхъойы нæ бахъуыд Цæцæн-Мæхъхъæлмæ бæрæггæнæг арвитын, сæхæдæг æм æрбафысым кодтой æнæнхъæлæджы.
Кæрты тыхстызмæлд æмæ куыдзы хъыс-хъыс цыдис. Мæхæмæты нæ ауагъта Раздзог, йæхæдæг рауад сæ размæ. Хъама æрбабæттыны фадат ын нал фæцис, йæ къухы йæ айста. Æртæ æндæрджы сагъдау лæууыдысты кæрты. "Гъеныр æрцыд Базыхъау мæ рад, — хъуыды кæны æмæ хъамайы фистон сгары. Райдианы сæ хъазахъхъ фенхъæлдта: "Дыууæйы фаг дзы суыдзынæн!". Раздзогыл хур æрбакаст, куы сæ базыдта, уæд.
— О, æгас цæут алы хатт дæр, мæ хæлæрттæ! — сæ къухтæ сын ахъаззаг нылхъывта, хæдзары ’рдæм сыл ахæцыд.
Алхаст Бæтæхъойы къухы æдкæрддзæм хъама куы ауыдта, уæд йæ мидбылты бахудтис.
Æртыкъахыг фынгыл февзæрд арахъхъ, цыхт. Цомиан арынг авæрдта, йæ дыстæ басчъил кодта.
— Нæ хъæуы, уый рæстæг нæй, — тызмæгæй дзуры Дзæрæхохты Алхаст.
Фысым йæ уазæджы йе ’рбацыды аххосæй нæ фæфæрсы.
— Куыд у Алхаст æмæ Тепсайæн се ’нæниздзинад, куыд цæрынц сæ бинонтæ æмæ хæстæджытæ? Фосæй сыл кæд ницы зиан æрцыд?
— Кæм ма ис æнæниздзинад. Чи ма фæрсы фосы зиан, адæмы додоймæ хъусгæйæ.
Уæзгуытыл куыйтæ ныхъхъус сты. Æмыр æхсæвы дардмæ хъуысы, дурыны дзыхæй здыхт сыкъамæ цы арахъхъ уайы, уый сæх-сæх. Райгуырæн къона æмæ дин хъахъхъæнгæйæ чи фесæфт, уыдонæн рухс кодта фысым. Уазджытæ цыртытау бамыр сты.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0