Гаглойты Алан раарфӕ кодта Путинӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн

© POOL /  Ахизын медиабанкмæВ. Путин
В. Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта Уӕрӕсейы сӕргълӕууӕг Владимир Путинӕн йӕ юбилейы цытӕн.

"Уӕрӕсейы Федераци сӕргълӕууӕджы бынаты дӕ куыстимӕ баст сты стыр позитивон ивындзинӕдтӕ. Уӕрӕсейы ӕнтыстытӕ, лидеры статус ӕхсӕнадӕмон аренӕйыл сты дӕ архайад ӕмӕ паддзахадон арӕзтады дӕ цӕстӕнгасы фӕрцы", - дзырдӕуы арфӕйы телы.

Гаглойты Алан ма ногӕй бузныджы ныхӕстӕ загъта Владимир Путинӕн 2008 азы агрессоры ныссабыр кӕныны охыл йӕ архайд ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕн экономикон-социалон ӕххуысы тыххӕй.
"Ныфс дарын, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн цы ахастытӕ сфидар сты, уыдон дарддӕр дӕр размӕ кӕй цӕудзысты интеграци ӕмӕ ӕмгуыстады фадыджы", - банысан кодта хуссарирыстойнаг раздзог.
Президент ма загъта Владимир Путинӕн ӕнӕниздзинад ӕмӕ Уӕрӕсейы хӕзӕбонӕн ног ӕнтыстыты фӕндиӕгтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0