Æгъдауы таурæгътæ. Хуыбиатæ арс цæуылнæ марынц

Æгъдауы таурæгътæ
Рафыссын
Леуахийæн йæ галиу фæз былыл æрбынат кодта Хуыбиаты хъæу. Ацы хъæу рæсугъд нæу уæладзыг хæдзæрттæй, йæ раст сыгъдæг уынгтæй. Ахæмтæй ацы хъæуы æппындæр ницы фендæуыдзæн. Хæдзæрттæ арæзт сты тымбыл æнамад хъæдтæй, хъуарийæ [1] агъуыст... Кæд дзы уынджы сæраппонæн исты ис, уæд уыдон дæр бырон æмæ фаджысы къуыппытæй — семыдзаг. Уæдæ ма цæмæй у ацы хъæу рæсугъд? Ацы хъæу у рæсугъд йæ æвæрд æмæ йæ æрдзы рæсугъддзинадæй.
Ацы хъæуы, иннæ хæдзæрттæй чысыл иртæстдæр, хицæнæй лæууыди иу æнæрудзынг сидзæргонд хæдзар. Рухс æм цыди æрмæст ердойæ. Йæ галиу къулыл ауыгъд тузайраг топп, алымыггаг хъусбостæ, хъатаратæ æд хъацъымитæ, топпыхос дарæн стыр сыкъатæ, æрдынтæ, фаттæ... Хæдзары астæу тымбыл астæуккаг цæджындз, йæ разы артдзæст... Рæбинаг цæджындзыл — стыр бирæкъабузджын саджы сыкъатæ, нæ размæ — арф къæлæтджын... Устыты ’рдыгæй рæбинаг къуымы Быкаты хицауы цæрæнуат æмæ кувæндон — сæрзæд. Къулыл тæскъ ауыгъд — къусæй, нуазæнтæй æмæ сыкъатæй æмдзаг. Дуары ’рдыгæй талынгдæр къуымы хоры къутутæ, тыкъулджытæ æмæ сырдты цæрмтты рæдзагъд.
Ам царди Æфсатийы уарзон цуанон лæг — Хуыбиаты Хъуыбады. Уый уыди бæзæрхыг, уæрæхриу, бæрзондгомау æмæ, бирæгъау, нуарджын, ныхасуарзаг лæг. Йæ уд, йæ дзæцц та уыди уазæг.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0