Росавиаци ногӕй адарддӕр кодта Уӕрӕсейы хуссарварсмӕ атахтытыл арӕнӕвӕрдтӕ

© Sputnik / Константин МихальчевскийАэропорт
Аэропорт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 окт – Sputnik. Уӕрӕсейы 11 аэропортмӕ атахтытыл арӕнӕвӕрдтӕ адарддӕр кодтой 16 октябры онг. Уый тыххӕй хъусын кӕны Росавиацийы пресс-службӕ.
"Атахтытыл арӕнӕвӕрдты режим Уӕрӕсейы хуссар ӕмӕ централон хӕйтты 11 аэропорты адарддӕр ис 2022 азы 16 октябры онг", - дзырдӕуы хъусинаджы, кӕцы мыхуыр ӕрцыд уагдоны сайтыл.
Рӕстӕгмӕ арӕнӕвӕрдтӕ ӕххӕссынц Анапӕ, Белгород, Брянск, Воронеж, Геленджик, Краснодар, Курск, Липецк, Ростов-на-Дону, Симферополь ӕмӕ Элистайы аэропорттӕм батахтытыл. Уӕрӕсейы аннӕ аэропорттӕ кусынц штатон режимы.
Уӕрӕсейы аэропорттӕм атахтытыл арӕнӕвӕрдтӕ бакодтой 24 февралӕй фӕстӕмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0