Цхинвалы скъола-интернаты ахуырдзаутӕ ауагътой хӕрзаудӕн акци Зӕрӕдты хӕдзары

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Ирыстоны Медико-социалон центр
Хуссар Ирыстоны Медико-социалон центр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 окт – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы скъола-интернат ауагъта хӕрзаудӕн акци Хуссар Ирыстоны медико-социалон центры цӕрджытӕн Карджын адӕмы боны цытӕн, фехъусын кодта Sputnik скъолайы пионерраздзог Икъаты Милена.
"Мах ӕрвылаз дӕр бабӕрӕг кӕнӕм пансионат "Забота"-йы цӕрджыты. Ныр дӕр та скъола-интернаты ахуырдзаутимӕ бацыдыстӕм ӕмӕ сын равдыстам чысыл концерт", - загъта уый.
Пионерраздзоджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фысымтӕ хорз райстой уазджыты.
"Хорз зӕрдӕйы уаг сын бахастам. Уыдон сӕхдӕг дӕр немӕ архайдтой кафт ӕмӕ зарды йӕ бон кӕмӕн куыд уыд, афтӕ", - бафтыдта уый.
Икъаты Миленӕ куыд бафтыдта, афтӕмӕй, ахӕм акцитӕ канд иунӕг адӕмӕн не сты ахсджиаг, фӕлӕ сабитӕн сӕхицӕн дӕр.
"Скъолайы фӕллойы урокты сывӕллӕттӕ скодтой адджинӕгтӕ, ноджы ма ӕлхӕнгӕ дӕр акодам цыдӕртӕ ӕмӕ сӕм афтид къухӕй нӕ бацыдыстӕм", - бахахх кодта уый.
Ахӕм акцитӕ уагъд цӕудзысты ахуырадон уагдоны дарддӕр дӕр, балхынцъ кодта ахуыргӕнӕг.
Ног хабӕртты лентӕ
0