Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ иу суткӕмӕ скуынӕг кодтой дыууӕ украинӕйаг ӕфтауцы хӕстӕрмӕджытимӕ

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæВертолетон аэродром
Вертолетон аэродром - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 окт — Sputnik. Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады фехъусын кодтой горӕт Запорожьейы районы дыууӕ украинӕйаг хӕстӕрмӕджыты ӕфтауцы скуынӕг кӕныны тыххӕй.
"Оперативон-тактикон ӕмӕ ӕфсӕддон авиацийы, ракетӕйон ӕфсад ӕмӕ артиллерийы фехстты фӕстиуӕгӕн пырх ӕрцыдысты УГТ ӕхсӕз фӕткдаруатон пункты, 53 артиллерион дӕлхайӕдтӕ, удӕгас тых ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕ 162 районты. Куынӕг ма ӕрцыдысты хӕстӕрмӕджытимӕ дыууӕ ӕфтауцы горӕт Запорожьейы районы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Иу суткӕмӕ ма уӕрӕсейаг ӕфсад ӕрӕппӕрста Украинӕйы уӕлдӕфон тыхты вертолет Ми-8.
Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ скуынæг кодтой цыппар украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты, уæлдæфы æрæппæрстой залпон æхсты реактивон системæ HIMARS æмæ "Ольха".-йы 21 сармадзаны.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 315 хӕдтӕхӕджы, 158 вертолеты, 2164 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 379 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 5448 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 862 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3453 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 6360 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0