https://sputnik-ossetia.com/20221008/21-bayramy-styrbonm-ta-rastad-tstt-knynts-tuzemgt-xx-nodzhy-ta-zkhkhy-bik-19110533.html
21. БАЙРАМЫ СТЫРБОНМÆ ТА РАСТАД ЦÆТТÆ КÆНЫНЦ ТУЗЕМÆГТÆ! XX. НОДЖЫ ТА ЗÆХХЫ БИКЪ
21. БАЙРАМЫ СТЫРБОНМÆ ТА РАСТАД ЦÆТТÆ КÆНЫНЦ ТУЗЕМÆГТÆ! XX. НОДЖЫ ТА ЗÆХХЫ БИКЪ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Астæуккаг æфсæддон зылды хицау инæлар Тумановмæ Дзæуджыхъæумæ цæуыны фæнд бынтондæр нæ уыд. Грознамæ, фынгкалгæ бæхтыл, фæд-фæдыл æртахтысты: Назранæй ... 08.10.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-10-08T10:53+0300
2022-10-08T10:53+0300
2022-10-08T10:53+0300
теркæй туркмæ
хуссар ирыстоны
радио иронау
истори
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/1c/19110247_28:0:1472:812_1920x0_80_0_0_262321bab6ce4897fd0e470b209c5010.png
21. БАЙРАМЫ СТЫРБОНМÆ ТА РАСТАД ЦÆТТÆ КÆНЫНЦ ТУЗЕМÆГТÆ!
Sputnik Хуссар Ирыстон
21. БАЙРАМЫ СТЫРБОНМÆ ТА РАСТАД ЦÆТТÆ КÆНЫНЦ ТУЗЕМÆГТÆ!
Астæуккаг æфсæддон зылды хицау инæлар Тумановмæ Дзæуджыхъæумæ цæуыны фæнд бынтондæр нæ уыд. Грознамæ, фынгкалгæ бæхтыл, фæд-фæдыл æртахтысты: Назранæй — Мæхъхъæлы зылды хицау булкъон Нурид, Шатойæ — Аргъуаны зылды хицау майор Ипполитов. Сæ иуæй се ’ннæ æвзæрдæр хабар æрбахаста, цыма зынджытыл абадт, афтæ фенкъардта йæхи кънйаз. Афтæ йæм фæкаст, цыма Грознайы фидарыл пысылмон фанатиктæ æрхъула сты. Йæхи уæддæр нæ саста, йæ дæлбартæм лæмбынæг хъуыста.— Дæ бæрзонддзинад, — дзырдта йын булкъон Нурид, — мæхъхъæлы раздзог Малсæгты Тепса та фæтары ис. Йæ сыхæгтæй ницы расайдтон, фæлæ йæ зонын: сæхи хъæргæнджытæ йæ систой сæ базыртыл.Нуриды дзыхæй Ипполитов айста дзырд:— Хъусдарджытæ сæ федтой, Дзæрæхохты Алхастимæ Ирыстоны ’рдæм фæцæйцыдысты. Æвзæры нысан та у уый...— Се ’рцахсын дæр нæ уыд зын, фæлæ Дзæуджыхъæуæй æрцыд бардзырд: нырма сæм ма февналут, зæгъгæ, фæдзæхсы облæсты хицау.— Сих Хадзы Абди Эффенди Урус-Мартаны наибы цæсты раз лекка кæны... Куындыхаты Муссæ дæр зоны уый, фæлæ Садуллæимæ æрттæдæлармæй бадынц.— Ныгуылæн Кавказæй раирвæзт, ныр та ам змæнты адæмы уыцы къæрных. Æмæ йæм хъусгæ дæр нæ кæнынц. Сæ кæрдтæ та ссынц цæцæн æмæ мæхъхъæл."Уыдон та ссардзысты семæ иумæйаг æвзаг!" — Туманов кæлмдзæфау фестад. Денщикæн бæхтæ бацæттæ кæныны бардзырд радта.Сагъæссаг дæр уый у, уыдон та семæ иумæйаг æвзаг кæй ссардзысты. Гъеныр дæр ма акæс! Алырдыгæй йæм фæдисы цыд æркодтой, Куындыхаты Муссæ та йæхицæн бады Скъуыдкъохы. Цыма зæххы бикъ у æмæ йæм кънйаз Туманов Алыксандр йæхæдæг фæцæудзæн!Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/1c/19110247_208:0:1291:812_1920x0_80_0_0_d118c9d4f72f96bae30156a70a988fa4.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
Астæуккаг æфсæддон зылды хицау инæлар Тумановмæ Дзæуджыхъæумæ цæуыны фæнд бынтондæр нæ уыд. Грознамæ, фынгкалгæ бæхтыл, фæд-фæдыл æртахтысты: Назранæй — Мæхъхъæлы зылды хицау булкъон Нурид, Шатойæ — Аргъуаны зылды хицау майор Ипполитов. Сæ иуæй се ’ннæ æвзæрдæр хабар æрбахаста, цыма зынджытыл абадт, афтæ фенкъардта йæхи кънйаз. Афтæ йæм фæкаст, цыма Грознайы фидарыл пысылмон фанатиктæ æрхъула сты. Йæхи уæддæр нæ саста, йæ дæлбартæм лæмбынæг хъуыста.
— Дæ бæрзонддзинад, — дзырдта йын булкъон Нурид, — мæхъхъæлы раздзог Малсæгты Тепса та фæтары ис. Йæ сыхæгтæй ницы расайдтон, фæлæ йæ зонын: сæхи хъæргæнджытæ йæ систой сæ базыртыл.
Нуриды дзыхæй Ипполитов айста дзырд:
— Хъусдарджытæ сæ федтой, Дзæрæхохты Алхастимæ Ирыстоны ’рдæм фæцæйцыдысты. Æвзæры нысан та у уый...
— Се ’рцахсын дæр нæ уыд зын, фæлæ Дзæуджыхъæуæй æрцыд бардзырд: нырма сæм ма февналут, зæгъгæ, фæдзæхсы облæсты хицау.
— Сих Хадзы Абди Эффенди Урус-Мартаны наибы цæсты раз лекка кæны... Куындыхаты Муссæ дæр зоны уый, фæлæ Садуллæимæ æрттæдæлармæй бадынц.
— Ныгуылæн Кавказæй раирвæзт, ныр та ам змæнты адæмы уыцы къæрных. Æмæ йæм хъусгæ дæр нæ кæнынц. Сæ кæрдтæ та ссынц цæцæн æмæ мæхъхъæл.
"Уыдон та ссардзысты семæ иумæйаг æвзаг!" — Туманов кæлмдзæфау фестад. Денщикæн бæхтæ бацæттæ кæныны бардзырд радта.
Сагъæссаг дæр уый у, уыдон та семæ иумæйаг æвзаг кæй ссардзысты. Гъеныр дæр ма акæс! Алырдыгæй йæм фæдисы цыд æркодтой, Куындыхаты Муссæ та йæхицæн бады Скъуыдкъохы. Цыма зæххы бикъ у æмæ йæм кънйаз Туманов Алыксандр йæхæдæг фæцæудзæн!
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.