https://sputnik-ossetia.com/20221009/-22-fidiug-dzudzhykhuy-19154653.html
22. ФИДИУÆГ ДЗÆУДЖЫХЪÆУÆЙ
22. ФИДИУÆГ ДЗÆУДЖЫХЪÆУÆЙ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæцæн æмæ Мæхъхъæлы минæвæрттæ нæма аивгъуыдтой Скъуыдкъохæй, афтæ кæсæг æрбалæууыдысты æфсæйнаг кулдуарыл. Нал ис минæвæрттæн кæрон, нал ис Муссæйы сулæфыны... 09.10.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-10-09T11:11+0300
2022-10-09T11:11+0300
2022-10-09T11:11+0300
теркæй туркмæ
хуссар ирыстоны
радио иронау
истори
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/1e/19154499_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_3cc4531b5532464327eac962192a94a4.png
22. ФИДИУÆГ ДЗÆУДЖЫХЪÆУÆЙ
Sputnik Хуссар Ирыстон
22. ФИДИУÆГ ДЗÆУДЖЫХЪÆУÆЙ
Цæцæн æмæ Мæхъхъæлы минæвæрттæ нæма аивгъуыдтой Скъуыдкъохæй, афтæ кæсæг æрбалæууыдысты æфсæйнаг кулдуарыл. Нал ис минæвæрттæн кæрон, нал ис Муссæйы сулæфыны бон. Кæсæджы та цы æрбахаста, уымæн йæ бар-йæ хъомыс Цæцæны арæнтыл куы фæуд кæны, уæд?О, ном æмæ кад арæнтæ нæ уарзынц. Уымæн йæ ном дард айхъуыст, тынг дард. Стæй йæ уарзон сиахс Хъуыдайнаты Гуыргъохъ кæсгон у æмæ!.. Сегас æм иу хъуыддаджы сæраппонд цæуынц, сау хъæргæнджытæ газаватмæ сидынц, зæгъгæ.Хорз хъæрахст кæны Хадзы Абди, фæлæ фенæм, кæддæра уымæн та Теркæй Туркмæ нæ айхъуыса! Уадз æмæ æрæмбырд кæна Байрамы стырбон пысылмонты, уадз! Уый дæр уырдæм хъæуы, лыстæг къуыхтæ йæ куы скæной, уæддæр. Сих Хуыцауы номæй сиды адæммæ, Раздзог æмæ Алхаст та адæмæн сæхи номæй, фæлæ уыдонæн дæр къаддæр нæ хъуысы сæ сидт.Йæ мундир ын йæ хъуыр æрбалхъывта. Рудзынг æрбайтыгъта, йæ риу уддзæфмæ адардта. Быгъдæг уæхскмæ фæкомкоммæ ис æмæ йæ цæсгомыл æлгъгæнæджы мидбылхудт схъазыд. Мундир раласта, тымбылтæй йæ оттоманкæйыл ныццавта. Къулыл ауыгъд паддзахы нывмæ фæкомкоммæ ис, цавдау йæ бынаты асалд."...По его высочайшему повелению, отныне и навеки веков!.." — йæ хъусты фыдуацы мыртау зæлланг кæнынц "иууыл бæрзонддæр манифесты" ныхæстæ.О, абонæй фæстæмæ тъымы-тъымамæ хъазарад, згæ рæхысау, æппæрст цæуы æмæ уæ кадыл, уæ исбоныл уæ къух сисут, Тæгиатæ! Къулæй сыгъзæринæй æмæхгæд æхсаргард райста, уæлæ йын уыцы "хæрзиуæгджын паддзах" кæй балæвар кодта, уый. Фæцъортт æй ласта, ныв ачъепп кæныны сæраппонд цыргъагыл уæлиау схæцыд, фæлæ цæстæнгас карды комыл хъæрнывтæй фыст "ЗА ХРАБРОСТЬ"-ыл аныдзæвд æмæ йæ къух асалд. Гъæй, Тæгиан, нывимæ тохы нæй зонд æмæ хъæбатырдзинад!Фæйнæрдæм ахъахъхъæдта. Хорз уыд æмæ йæ ничи фæфиппайдта. Æхсаргард кæрддзæмы ныссыдта æмæ йæ йæ бынаты бацауыгъта.Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/1e/19154499_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_746bb319bfc4b5b3d841f956785145e7.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
Цæцæн æмæ Мæхъхъæлы минæвæрттæ нæма аивгъуыдтой Скъуыдкъохæй, афтæ кæсæг æрбалæууыдысты æфсæйнаг кулдуарыл. Нал ис минæвæрттæн кæрон, нал ис Муссæйы сулæфыны бон. Кæсæджы та цы æрбахаста, уымæн йæ бар-йæ хъомыс Цæцæны арæнтыл куы фæуд кæны, уæд?
О, ном æмæ кад арæнтæ нæ уарзынц. Уымæн йæ ном дард айхъуыст, тынг дард. Стæй йæ уарзон сиахс Хъуыдайнаты Гуыргъохъ кæсгон у æмæ!.. Сегас æм иу хъуыддаджы сæраппонд цæуынц, сау хъæргæнджытæ газаватмæ сидынц, зæгъгæ.
Хорз хъæрахст кæны Хадзы Абди, фæлæ фенæм, кæддæра уымæн та Теркæй Туркмæ нæ айхъуыса! Уадз æмæ æрæмбырд кæна Байрамы стырбон пысылмонты, уадз! Уый дæр уырдæм хъæуы, лыстæг къуыхтæ йæ куы скæной, уæддæр. Сих Хуыцауы номæй сиды адæммæ, Раздзог æмæ Алхаст та адæмæн сæхи номæй, фæлæ уыдонæн дæр къаддæр нæ хъуысы сæ сидт.
Йæ мундир ын йæ хъуыр æрбалхъывта. Рудзынг æрбайтыгъта, йæ риу уддзæфмæ адардта. Быгъдæг уæхскмæ фæкомкоммæ ис æмæ йæ цæсгомыл æлгъгæнæджы мидбылхудт схъазыд. Мундир раласта, тымбылтæй йæ оттоманкæйыл ныццавта. Къулыл ауыгъд паддзахы нывмæ фæкомкоммæ ис, цавдау йæ бынаты асалд.
"...По его высочайшему повелению, отныне и навеки веков!.." — йæ хъусты фыдуацы мыртау зæлланг кæнынц "иууыл бæрзонддæр манифесты" ныхæстæ.
О, абонæй фæстæмæ тъымы-тъымамæ хъазарад, згæ рæхысау, æппæрст цæуы æмæ уæ кадыл, уæ исбоныл уæ къух сисут, Тæгиатæ! Къулæй сыгъзæринæй æмæхгæд æхсаргард райста, уæлæ йын уыцы "хæрзиуæгджын паддзах" кæй балæвар кодта, уый. Фæцъортт æй ласта, ныв ачъепп кæныны сæраппонд цыргъагыл уæлиау схæцыд, фæлæ цæстæнгас карды комыл хъæрнывтæй фыст "ЗА ХРАБРОСТЬ"-ыл аныдзæвд æмæ йæ къух асалд. Гъæй, Тæгиан, нывимæ тохы нæй зонд æмæ хъæбатырдзинад!
Фæйнæрдæм ахъахъхъæдта. Хорз уыд æмæ йæ ничи фæфиппайдта. Æхсаргард кæрддзæмы ныссыдта æмæ йæ йæ бынаты бацауыгъта.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.