Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

23. XXI. НÆ, РУБИКОНÆЙ ÆНÆАХИЗГÆ НÆЙ!

23. XXI. НÆ, РУБИКОНÆЙ ÆНÆАХИЗГÆ НÆЙ!
Рафыссын
Ахæм рæстæджы хицаумæ тæфтыл ничи фæуæнды. Алчи йæ фæзоны, Михаил Тариелович та цæуылдæр уæззау сагъæс кæны. Йæ дуар æхгæд, хъахъхъæнæг цыртау схъил фæсдуар æмæ мидæмæ никæй уадзы. Лорис-Меликов хатæны бæстастæу лæууы æмæ къулыл ауыгъд паддзах Алыксандры нывмæ æдзæмæй кæсы, цыма йæм уæззау уавæры уынаффæмæ æнхъæлмæ кæсы, уыйау.
Фæдисы цыд æм æркодтой инæлар Туманов, булкъон Нурид, майор Ипполитов. Уыййеддæмæ ма бон цалдæр фæдисоны конфиденциалон фыстæджытимæ. Сегасæн дæр сæ мидис иу: Куындыхаты Муссæ æмæ Чысыл Цæцæны наиб Османаты Садуллæ сусæгæй бадзырдтой, сих Хадзы Абди Эффендиимæ иумæйаг æвзаг ссардтой, хъуынджынхуд раздзогтæ дæр се ’вварс фесты. Байрамы стырбон дард нал у, растад та спæртт кæнынмæ хъавы.
Скъуыдкъохмæ æрмæст Хадзы Абди нæ дардта æцæгдæр йæ цæст. Лорис-Меликов дæр баурæдта сусæг хъахъхъæнджытæ "цытджын Муссæ Алхазовичы" ахстоны алфамбылæйтты. Цæмæй улæфыд Скъуыдкъох, чердæм дардта Тæгиан-æлдар йæ арм, уый базонын æй фæндыд. Æцæг ын йæ цæстмæ аивтæй бахаста уыцы козбау ирон, нæ къамтæ кæрæдзийы раз æргом дарæм, зæгъгæ, фæлæ айæппæт сусæг бæрæггæнæнтæн цы сарæзтаид облæсты хицау.
Знон æм сусæгæй фæбæрæг кодтой: Сауададжы цы æвзонг корнет фесгуыхт, стæй та Бруты экспедицийы раз чи ’рлæууыд, уый Хъуымыхъхъы ’рдæм фæцæйцыд дымгæбæхыл. Дыккаг хъахъхъæнæг фæбæлвырддæр кодта хабар: Хъуымыхъхъы æлдар, инæлар Уцмиев Муссæ æмæ хъарабулахъты хицау Цугты Аксомæ фервыста Скъуыдкъохы æлдар фæдисон. Уыййеддæмæ ма йе ’фсымæр Афæхъо ныр цалдæр боны Кæсæджы бады æмæ кадджын æлдар Атажукинимæ бацыд ныхасы, зæгъгæ.
Инæлар Туманов дæр ын уый дзырдта. "Фæдисы хохыл фæдисы арт нæ судзы, дæ бæрзонддзинад, фæлæ йæ зон: ныр къаддæр туг нæ ныккæлдзæн. Исты мадзал куы нæ скæнæм, уæд Гуниб æмæ Веденойы фæстейæ фæуадздзæн ацы козбау ирон!"
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0