Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад фехъусын кодта фӕззыгон ӕрсидты тыххӕй

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæНогӕрсиддон
Ногӕрсиддон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 17 октябрӕй райдайдзӕн ӕфсӕддон ӕрсидт ӕфсадмӕ, кӕцы адарддӕр уыдзӕн ацы азы кӕрӕттӕм. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
Фӕззыгон ӕрсидт райдайдзӕн Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы бардзырдӕй.

"Фыццаградон ӕфсӕддон цӕттӕдзинад райсын ӕмӕ ногӕрсиддонты ардбахӕрмӕ ӕркӕныны нысанӕн фидар ӕрцыд ног администраци, кӕцыйы скондмӕ бацыдысты фӕлтӕрд офицертӕ ӕмӕ сержанттӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны ма бафтыдтой, ӕвзонг фӕлтӕры рӕвдзытӕ кӕй цӕудзысты хъахъхъӕнынадон уагдоны ӕфсӕддон городокы, цы ран арӕзт ӕрцыд алы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг уавӕртӕ дӕр ӕфсӕддон службӕ хӕссынӕн ӕмӕ ахуырадон-хъомыладон процессӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0