Киевы центры айзӕлдысты срӕмыгъдтӕ

© AP Photo / Adam SchreckКиевы центры айзӕлдысты срӕмыгъдтӕ
Киевы центры айзӕлдысты срӕмыгъдтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Киевы центры айзӕлдысты срӕмыгъдтӕ, ракетӕтӕй иу ӕрхаудта Украинӕйы президенты офисы районы, фыссы РИА Новости бӕстӕйы МХМ сӕргълӕууӕг Антон Геращенкойы хъусинагыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
"Ракетӕтӕй иу Киевы ӕрхауд Грушевскийы цыртдзӕвӕны районы Владимирскийы уынгыл", - ныффыста уый Twitter-ы.
Украинӕйаг "Ног хабӕртты телевизион службӕ" фыссы, срӕмыгъдтӕ кӕй нӕ лӕууынц. Уымӕй дарддӕр ма цӕуынц хъусинӕгтӕ срӕмыгъдты тыххӕй Киеваг ӕмӕ Житомираг областты, Днепропетровскы, Хмельницкийы, Тернополы ӕмӕ Львовы.
Ног хабӕртты лентӕ
0